7 Уӕд рӕстуд быцӕу кӕнид Йемӕ, мӕ Тӕрхонгӕнӕг мӕ сраст кӕнид мыггагмӕ.
ӕмӕ уый фӕрцы фервӕздзынӕн. Ӕнӕхуыцау та Йӕм хӕстӕг бацӕуын дӕр нӕ бауӕнддзӕн!
Фӕлӕ мӕн фӕнды Ӕппӕтхъомысимӕ дзурын, мӕн фӕнды Хуыцауимӕ быцӕу кӕнын!
Фӕлӕ мын Уый зоны мӕ фӕндаг, сыгъзӕринау мӕ бафӕлвардзӕн куынцгомы.
Раст куы уон, уӕд дӕр лӕгъстӕйӕ дарддӕр ницы зӕгъдзынӕн мӕ Тӕрхонгӕнӕгӕн.
Уый фӕстӕ-иу ӕрбацӕут, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсдзыстӕм. Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой — митау уын сурс уыдзысты, сӕнт сырх куы уой — сурс уыдзысты урс къуымбилау.
О Дунедарӕг, Ды дӕ раст Хуыцау, ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ хъаст! Ӕз Демӕ дзурдзынӕн рӕстдзинадыл! Ӕнӕхуыцӕуттӕ ӕнтыстджын цӕмӕн сты, мӕнгардтӕ — амондджын?
Ау, никуы ссӕудзӕни Дӕ маст, ӕнусмӕ мӕм мӕсты кӕндзынӕ?» Афтӕ дзурыс, фӕлӕ дӕ бон цас у, уыйас фыдракӕндтӕ кӕныс.
Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн тӕрхонгонд никуы уыдзӕн.