6 Ау, Йе ’ппӕт хъомыс мӕ ныхмӕ саразид? Нӕ! Байхъусид мӕм Уый!
Дӕ къух мӕм мауал ис ӕмӕ мын мӕ уд мауал лас Де стыр тасӕй!
Цы дзуапп мын ратдзӕн, уый базонин ӕмӕ, цы зӕгъы, уый бамбарин.
Тыхыл куы дзурӕм — тых Уымӕ ис, Тӕрхоныл куы дзурӕм — тӕрхоны раз Ӕй чи ӕрлӕууын кӕндзӕн?
Йӕ ныхмӕ чи бахъаст кӕндзӕн ӕмӕ Йын Йӕ мин фарстӕй иуӕн дӕр дзуапп чи ратдзӕн?
Иууылкуырыхон ӕмӕ иууылхъаруджын дӕр Йӕ ныхмӕ куыд фӕлӕудзӕн?
Цӕугӕ кӕнон, мӕ фӕллад уадзон — Ды мӕ уыныс, мӕ фӕндӕгтӕ Дын иууылдӕр зындгонд сты.
Мӕ маст ӕм ссыди, фӕлӕ дзы каконтӕ ӕмӕ сындзытӕ куы фенон, уӕд сӕ срӕдувдзынӕн, бынсыгъд сӕ бакӕндзынӕн.
Ӕгӕр сӕ никуы бафхӕрдта, Йӕхи-иу сыл куы атигъ кодта, уӕд дӕр. Скӕсӕйнаг дымгӕйау сӕ иуварс фехста Йӕ карз раулӕфтӕй.
Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕ хъомысджын къухӕй, Мӕ рахиз къухӕй уын Ӕз хицауиуӕг кӕндзынӕн, Мӕ азар уыл ӕххуырсгӕйӕ.
Акӕндзынӕн уӕ, адӕмты ’хсӕн цы ӕдзӕрӕг быдыр ис, уырдӕм ӕмӕ уын лӕгӕй-лӕгмӕ тӕрхон кӕндзынӕн.