4 Уӕд Ын ӕз бамбарын кӕнин мӕ хъуыддаг ӕз мӕхи сраст кӕнин Йӕ разы!
Зӕрдӕ мын куы бавӕрдтай, ауддзынӕн дыл ӕмӕ дын денджызы змисау дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ».
Ӕз мӕ сӕрыл мӕхӕдӕг рахӕцдзынӕн, уымӕн ӕмӕ, раст дӕн, уый зонын.
Фӕлӕ мӕн фӕнды Ӕппӕтхъомысимӕ дзурын, мӕн фӕнды Хуыцауимӕ быцӕу кӕнын!
Тӕхуды, кӕм ӕй агурон, уый куы зонин! Тӕхуды, Йӕ цӕрӕнмӕ мын бацӕуӕн куы уаид!
Цы дзуапп мын ратдзӕн, уый базонин ӕмӕ, цы зӕгъы, уый бамбарин.
Бацамон нын, цы Йын зӕгъӕм, — ацы сӕудары мах нӕ сӕрӕн ницыуал зонӕм.
«Дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн дзуапп дӕттынмӕ лӕгау, Ӕз дӕ фӕрсын, ды та мын-иу дзуапп ратт:
Ӕз та дӕн ӕнӕкъӕм, — батӕригъӕд мын кӕн, фыдбылызӕй мӕ бахиз!
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты зондамонӕн псалом.
Цӕй ӕмӕ иумӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууӕм, ӕмӕ уӕхи сраст кӕнут уӕ раныхасӕй!