3 Тӕхуды, кӕм ӕй агурон, уый куы зонин! Тӕхуды, Йӕ цӕрӕнмӕ мын бацӕуӕн куы уаид!
Фӕлӕ мӕн фӕнды Ӕппӕтхъомысимӕ дзурын, мӕн фӕнды Хуыцауимӕ быцӕу кӕнын!
Мӕ хӕлӕрттӕ мыл худынц, фӕлӕ мӕ цӕссыг Хуыцауы раз калын.
Хуыцауы ӕмӕ адӕймаджы ӕхсӕн тӕрхонгӕнӕг чи ныллӕудзӕн, дыууӕ лӕджы быцӕу куыд аскъуыддзаг кӕнынц, уыйау.
«Раздӕрау мӕ судзаг хъӕстытӕ кӕнын, Йӕ къухы уӕзӕй хъӕрзын.
Уӕд Ын ӕз бамбарын кӕнин мӕ хъуыддаг ӕз мӕхи сраст кӕнин Йӕ разы!
Дунедарӕг! Дӕ азар нӕ куы баййафы, уӕд дӕр ныфсджын вӕййӕм Дӕуӕй. Дӕумӕ кувӕм, Дӕу мысы алкӕддӕр нӕ уд.
Ды ӕцӕгдӕр Хуыцау дӕ, цӕстӕй фенӕн Кӕмӕн нӕй, Уый, Израилы Хуыцау, Ирвӕзынгӕнӕг.
О Дунедарӕг! Нӕ хъуыддӕгтӕ ныл комдзог цӕуынц, фӕлӕ нӕ сӕрыл рахӕц Дӕ номы сӕраппонд, кӕд нӕ гадзрахаттӕ ӕнӕнымӕц сты ӕмӕ Дӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам, уӕддӕр.
Чидӕртӕ та йӕм нырма бацӕуинаг сты. Фарны Уац раздӕр чи фехъуыста, уыдон ӕм сӕ хивӕнды аххосӕй нӕ бацыдысты.