2 «Раздӕрау мӕ судзаг хъӕстытӕ кӕнын, Йӕ къухы уӕзӕй хъӕрзын.
Цардӕй мӕ зӕрдӕ фӕцъӕх ис, ӕмӕ куыннӕ кӕнон хъарджытӕ? Мӕ уды хъизӕмар раргом кӕндзынӕн.
Уӕлзонды сусӕгтӕ — уӕлзонд бирӕвӕрсыг у — дын куы раргом кӕнид, уӕд базонис, дӕ тӕригъӕдтӕ дын Хуыцау ӕгӕр хорз дӕр ма кӕй бары, уый.
Ӕмӕ дзуапп радта Иов:
Тӕхуды, кӕм ӕй агурон, уый куы зонин! Тӕхуды, Йӕ цӕрӕнмӕ мын бацӕуӕн куы уаид!
Йӕ тӕригъӕдтӕй уӕлдай ма ноджы змӕнтӕг дӕр у, йӕ къухтӕ ныл сцӕгъды ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ дзурынӕй не ’нцайы».
Уымӕ гӕсгӕ ӕз мӕ дзыхыл нӕ ныххӕцдзынӕн — мӕ уды хъизӕмӕрттӕ фӕдзурдзынӕн, мӕ уды риссӕгтӕ скалдзынӕн.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхас ӕцӕг у, Йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — раст.
Ӕдзӕмӕй бады иунӕгӕй: йӕ уаргъ ыл Дунедарӕг сӕвӕрдта.
«Адӕймаджы фырт! Дӕ цӕстытӕ кӕй уындӕй райынц, уый дын Ӕз ӕнӕнхъӕлӕджы байсдзынӕн, фӕлӕ-иу ды ма ску ӕмӕ ма ныхъхъарӕг кӕн, дӕ цӕстӕй иу сыг дӕр ма ’рхауӕд.