16 Хуыцау мын мӕ уды хъару басаста, Ӕппӕтхъомыс мын тас бауагъта мӕ зӕрдӕйы.
Ӕвӕлмон уыдтӕн, фӕлӕ мын Уый мӕ бӕрзӕймӕ фӕлӕбурдта, тугӕрхӕмттӕ мӕ фӕкодта, Йӕхицӕн мӕ мысанӕн сӕвӕрдта.
Уымӕн Йӕ разы ӕмризӕджы ризын, уыдӕттыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд мыл тас бахӕцы.
«Цардӕгас у Хуыцау, раст тӕрхоны аккаг мӕ Чи не скодта, Цардӕгас у Ӕппӕтхъомыс, хъизӕмӕртты хай мӕ Чи фӕкодта!
Тӕхудиаг — уӕлахизгӕнӕг адӕм! Дунедарӕг, сӕ алыварс — Дӕ рухс.
Мыггагмӕ сӕ азымджын нӕ кӕндзынӕн, мӕсты нӕ кӕндзынӕн ӕдзухдӕр, науӕд адӕм, Ме сконд адӕм, бынтондӕр рафтдзысты Мӕ разы.
Ӕмӕ ӕз загътон: «Додойаг фӕдӕн! Ме сӕфт ӕрцыди! Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йе ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕймаг, стӕй цӕргӕ дӕр кӕнын, се ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ӕз уынын Паддзахы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы!»
Ма фӕтӕрсут, бӕстӕйы цы уац айхъуысдзӕн, уымӕй. Иу аз хъусдзыстут дам-думтӕ, иннӕ аз дӕр — афтӕ: цыма зӕхх байдзаг уыдзӕн тыхмийӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ сыстдзысты.
О, уыцы бон! Ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы Бон, Ӕппӕтхъомысы гӕныстонау ӕрцӕудзӕн.
„Ӕрбайхъус, Израил! Абон сымах хӕстмӕ ралӕудзыстут уе знӕгты ныхмӕ. Уӕ цӕст дӕр ма фӕныкъулут, ма фӕтӕрсут, уӕ ныфс ма асӕттӕд, ма фӕтасут!
Наоми сын загъта: «Наоми мӕ ма хонут, фӕлӕ мӕ хонут Мара, уымӕн ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомыс судзаггаг маст бавзарын кодта.