12 Йӕ фӕдзӕхстыты сӕрты нӕ хизын, Йӕ ныхӕстӕ Йын арф дарын мӕ зӕрдӕйы.
Ау, Хуыцауы зӕрдӕвӕрд дын фаг нӕу? Ау, хӕларзӕрдӕ ныхӕстӕ чысыл фехъуыстай ды?
Йӕ зондамындмӕ Йын байхъус ӕмӕ йӕ дӕ зӕрдӕйы арф бавӕр.
Фӕлӕ чи рацӕудзӕн Йӕ уынаффӕйы ныхмӕ? Йӕхи куыд фӕнды, афтӕ кӕны.
Сыгъдӕг, дам, дӕн ӕз, ӕнӕкъӕм, ницы азым мӕм ис, сыгъдӕг дӕн.
Мӕ зӕрдӕ фӕлӕууид уӕд, ӕмӕ раин мӕ хъизӕмӕртты, уымӕн ӕмӕ никуы атигъ кодтон мӕхи Уаз Хуыцауы ныхӕстыл!
Домбӕйттӕ дӕр ӕрлӕмӕгъ вӕййынц ӕмӕ сыдӕй фӕмӕлынц, фӕлӕ, Дунедарӕджы чи агуры, уый иу хорзӕхӕй дӕр ӕнӕхай нӕ вӕййы.
тутт ӕмӕ мӕнг ныхӕстӕ мӕм хӕстӕг ма ’рбауадз; хъӕздыгдзинад мын ма ратт, мӕгуырӕй дӕр мӕ бахиз; цӕрыны фаг мын дӕтт къӕбӕр,
Дӕ ныхас-иу сси мӕ хойраг, ӕз-иу ныццин кодтон Дӕ ныхӕстыл, мӕ зӕрдӕйӕн-иу циндзинад ӕрхастой, уымӕн ӕмӕ мыл сӕвӕрдӕуыд Дӕ ном — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг!
Бардарӕг дзуапп радта: «Чи у иузӕрдион ӕмӕ зондджын хӕдзаргӕс? Хӕринаг сын афоныл радӕттыны тыххӕй хӕдзары хицау йӕ цагъартӕн хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдзӕни?
уӕд уыцы цагъарӕн йӕ хицау, ӕнхъӕл кӕд нӕ уа, уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат фӕзындзӕн, тынг ӕй бафхӕрдзӕн ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ йе ’ууӕнчы аккаг нал скӕндзӕн.
Фӕлӕ сын Уый загъта: «Мӕнмӕ ис, сымах кӕй нӕ зонут, ахӕм хойраг».
Йесо сын загъта: «Мӕ хойраг у Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Йын Йӕ хъуыддаг кӕронмӕ саразын.
Иудейӕгтӕй Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн Йесо загъта: «Мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕрат, уӕд ӕцӕгӕйдӕр Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут
Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.
Ноггуырд сабитау кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдӕ агурӕд удӕн царддӕттӕг монон сыгъдӕг ӕхсыр — рӕзты хос уын куыд уа уӕ фервӕзынӕн, афтӕ.
Уыдон мах ӕхсӕнӕй рацыдысты, фӕлӕ махӕй нӕ уыдысты. Махӕй куы уыдаиккой, уӕд немӕ уаиккой. Фӕлӕ уыдон ацыдысты ӕмӕ уымӕй раргом, се ’ппӕт дӕр махӕй кӕй нӕ уыдысты, уый.