30 Ӕназым чи нӕу, уый дӕр фервӕзын кӕндзӕн, дӕ сыгъдӕджы хатырӕй фервӕздзӕн».
Раст лӕг йӕ фӕндагыл фидар хӕцы, йӕ къухтӕ сыгъдӕг кӕмӕн сты, уымӕн йӕ тыхыл фылдӕрӕй-фылдӕр ӕфтдзӕн.
Ӕмӕ дзуапп радта Иов:
Теманаг Елифаз, шуахаг Билдад ӕмӕ наамайаг Цофар ацыдысты ӕмӕ, Дунедарӕг сын куыд загъта, афтӕ бакодтой. Ӕмӕ айста Дунедарӕг Иовы куывд.
Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон нӕ фӕхудинаг уыдзысты; гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдон ӕгады бынаты баззайдзысты.
Бацамон мын Дӕ фӕндӕгтӕ, сахуыр мӕ кӕн Дӕ цӕуӕнтыл.
Кувгӕйӕ Мӕм уӕ къухтӕ куы сивазут — Ӕз Мӕ цӕстытӕ бацъынд кӕнын, уӕ куывдтытӕ куы сбирӕ кӕнут — Ӕз Мӕхи ныкъкъуырма кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты.
Уӕд ногӕй сараздзыстут, раджы пырхон чи ӕрцыд, уыцы бӕстыхӕйттӕ, рагон бындуртыл сараздзыстут ног агъуыстытӕ, ӕмӕ уӕ ӕппӕлдзысты, адон, сахары быруйы гӕмттӕ чи бампъызта ӕмӕ адӕмы сӕраппонд хӕлӕттаг бынӕттӕ ногӕй чи рацарӕзта, уыдон сты, зӕгъгӕ».
«Ӕрзилут-ма Йерусалимы уынгты, ӕркӕсут, базонут-ма, ацагурут фӕзты: цымӕ дзы иу раст адӕймаджы ссариккат, рӕстдзинадмӕ чи тырны, ахӕмы, — уӕд Ӕз ацы сахарӕн ныббардзынӕн!
Уӕдӕ кувут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын ныххатыр кӕна. Фӕлӕ Йын ахӕм нывӕндтӕ куы хӕссат, уӕд уӕ Йӕ хорзӕхы аккаг куыд хъуамӕ скӕна? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
ӕмӕ мын загъта: „Ма тӕрс, Павел! Ды хъуамӕ ӕрлӕууай кесӕры раз, ӕмӕ дын Хуыцау балӕвар кодта, демӕ чи цӕуы, уыдоны иууылдӕр“.
Мӕн фӕнды, цӕмӕй алы ран дӕр нӕлгоймӕгтӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сӕ къухтӕ дарой Хуыцаумӕ ӕмӕ Йӕм кувой, сӕ зӕрдӕты фыдӕх ӕмӕ гуырысхо куыд нӕ уа, афтӕмӕй.