29 Уымӕн ӕмӕ Уый сӕрыстыры ӕрныллӕг кӕны, фервӕзын кӕны ныфссасты.
Рӕстудӕй нӕ аздахдзӕн Йе ’ргом, паддзӕхтимӕ йӕ ӕмсӕр скӕндзӕн, мыггагмӕ йӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.
Ӕгады бынаты чи уыди, уый сбӕрзонд кӕны, кӕуинаг чи фӕци, уый фервӕзын кӕны.
Ды алцы куыд зоныс, уый мӕ ӕфтауы стыр дисы, мӕ зонд ӕй нӕ ахсы!
Сӕрыстыр йӕхи сӕгад кӕндзӕн, сӕрныллӕг та скадджын уыдзӕн.
Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.
Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.
Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн. Йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн.
Тыхджынты раппӕрста сӕ бадӕнтӕй ӕмӕ сбӕрзонд кодта сӕрныллӕгты.
Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд бынаты чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи ныллӕг чи кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».
Уыйхыгъд нын Хуыцау ноджы фылдӕр хорзӕх дӕтты. Уымӕ гӕсгӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».
Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».