24 Дӕ хӕзнатӕм рыджы цӕстӕй акӕс, офираг сыгъзӕрин дойнаг дуртыл банымай.
Офир, Хавила, Йовав. Адон иууылдӕр уыдысты Йоктаны байзӕддӕгтӕ.
Хирамы наутӕ дӕр, Соломонӕн Офирӕй сыгъзӕрин чи ласта, уыдон, уырдыгӕй ноджыдӕр ӕрбаластой тынг бирӕ зынаргъ хъӕдӕрмӕг ӕмӕ хӕзнадуртӕ.
Соломонӕн йӕ нуазӕнтӕ уыдысты сыгъзӕринӕй конд, йӕ ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуаны дзауматӕ та иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд. Ӕвзист дзаумайӕ йӕм ницы уыд, уымӕн ӕмӕ Соломоны заман ӕвзистӕн ницы кад уыди.
Иосафат саразын кодта Таршишмӕ цӕуӕг базарадон наутӕ, йӕ зӕрды сӕ уыд Офирмӕ арвитын, уырдыгӕй сыгъзӕрин ӕрбаласыны тыххӕй. Фӕлӕ Офирмӕ нал ацыдысты — ныппырх ын сты Ецион-Геверы.
Ӕмӕ Соломоны адӕмимӕ наутыл Ецион-Геверӕй араст сты Офирмӕ, ӕмӕ уырдыгӕй паддзах Соломонӕн ӕрбаластой цыппарсӕдӕ дыууын таланты бӕрц сыгъзӕрин.
Офир, Хавила, Йовав. Адон сты Йоктаны фырттӕ.
Фӕлӕ ӕрхуы нывондхӕссӕн, Урийы фырт, Хуры фырты фырт Бецалел кӕй сарӕзта, уый, лӕууыди Дунедарӕджы Цатыры раз. Соломон ӕмӕ, цы адӕм ӕрӕмбырд ис, уыдон иууылдӕр Дунедарӕгӕн бакуывтой.
Хирам ӕмӕ Соломоны кусджытӕ дӕр Офирӕй ӕрбаластой канд сыгъзӕрин нӕ, фӕлӕ ма зынаргъ хъӕдӕрмӕг алмуг ӕмӕ хӕзнадуртӕ дӕр.
Соломоны заманы ӕвзист Йерусалимы сарӕх ис хуымӕтӕг дурау, кедр та, хохрӕбын цы сикомортӕ зайынц, уыдонау.
Ӕппӕтхъомыс суӕд дӕ сыгъзӕрин, дӕ цӕхӕркалгӕ ’взист.
Ме скаст сыгъзӕринмӕ куы уыдаид, мӕ зӕрдӕ куы дардтин хӕзнайыл,
куы цин кодтаин мӕ бирӕ мулкыл, мӕ къухты бӕркадыл;
Ӕрцӕут ӕмӕ уӕхи цӕстӕй фенут Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, зӕхх гӕныстон куыд фестын кодта, уый:
Адӕмы нымӕц афтӕ фӕкъаддӕр кӕндзынӕн, ӕмӕ ма дзы чи баззайа, уыдон уыдзысты сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр, уыимӕ — офираг сыгъзӕринӕй».