21 Ма тох кӕн Хуыцауимӕ, бафидау йемӕ ӕмӕ фарнӕй схайджын уыдзынӕ.
Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.
Ме уӕнгтӕ иууылдӕр зӕгъдзысты: «О Дунедарӕг, Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕуау кӕй бон суыдзӕн ӕнӕбоны тыхджыны къухӕй скъахын, мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы стигъджытӕй фервӕзын кӕнын?»
Фӕлтау фыдгултӕ Ме ’вджид бакӕнӕнт сӕхи, Мемӕ бафидауыны зонд сӕм ӕрцӕуӕд, ӕмӕ бафидауӕнт».
Исчи дӕ истӕмӕй зылын кӕны, уӕд тӕрхондонмӕ фӕндагыл йемӕ ӕвӕстиатӕй бафидау, цӕмӕй дӕ тӕрхонгӕнӕгмӕ ма бакӕна, уый та дӕ хъахъхъӕнӕджы къухтӕм ма ратта ӕмӕ дӕ ахӕстоны ма баппарой.
Мыггагмӕйы цард та уый у, цӕмӕй Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де ’рвыст Йесо Чырыстийы зоной.
Хуыцау израилаг адӕмӕн рарвыста Йӕ ныхас — Йесо Чырыстийы руаджы адӕмимӕ кӕй фидауы, уыцы Фарны Уац. Чырысти та у ӕппӕт адӕмы Бардарӕг.
Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс — уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.
Уӕдӕ Чырыстийы минӕвӕрттӕ стӕм мах ӕмӕ, цыма Хуыцау Йӕхӕдӕг зӕгъы нӕ дзыхӕй, уыйау Чырыстийы номӕй курӕм сымахӕй: бафидаут Хуыцауимӕ.
ӕмӕ, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, Хуыцауы уыцы фарн бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.