20 „Не знагӕн йе сӕфт ӕрцыд, йӕ исбонӕй ма цы баззад, уый та арты хай баци“.
Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл уӕлӕрвтӕй ӕркалдта судзгӕ сондон
Ӕцӕгӕлӕттыл нӕ куы нымайы! Ауӕй нӕ кодта ӕмӕ нын нӕ аргъ йӕхӕдӕг бахордта.
Уый йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕндӕр хабархӕссӕг ӕрбалӕууыди: «Арвӕй Хуыцауы зынг ӕрхауд, фысвос ӕмӕ ӕххуырстыты саусыгъд бакодта. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».
Сау бон ыл акӕндзӕн, йӕ талатӕ арты бавзалы уыдзысты, Хуыцауы комытӕфӕй ӕрбайсӕфдзӕн.
Саудалынджы ахӕсты фӕуыдзӕн, йӕ фӕстаг муртӕ ӕнӕхуысгӕ арты сау ӕвзалы фестдзысты.
Ӕнаккагӕн ахӕм хъысмӕт сныв кодта Хуыцау, уый йын — Хуыцауы тӕрхон».
Ахъуыды-ма кӕн: кӕд чи бабын ис ӕнӕ аххосӕй, раст адӕймаг кӕд фесӕфти?