14 Ӕврӕгътӕй Йӕм ницы зыны, афтӕмӕй арвы ӕрдынцарыл зилы“.
Уый сӕвӕрдта Йӕ паддзахы бадӕн, Йӕ мигъӕй йӕ ӕрӕмбӕрзта.
Зӕххыл ахӕм саудалынг, ахӕм мӕрдон тар нӕй, фыдгӕнджытӕ Уымӕй сӕхи кӕм бааууон кӕной.
Де ’взаджы кӕроныл дӕр хӕрам ныхас макуы абадӕд, мӕнгард ныхас макуы схауӕд дӕ дзыхӕй!
Дунедарӕг раргом кодта Йӕ ирвӕзындзинад, ӕппӕт адӕмтӕн раргом кодта Йӕ рӕстад.
Зӕххы зиллаккӕн йӕ сӕрмӕ бады Уый. Зӕххыл чи цӕры, уыдон цъырцъырӕгтӕй уӕлдай не сты. Уый та уӕлӕрвтӕ айтыгъта уӕздан уӕфтӕй, ӕрцарӕзта сӕ цатырау, цӕмӕй сӕ быны уа цӕрӕн.
Кӕм бамбӕхсдзӕн адӕймаг, цӕмӕй йӕ Ӕз ма фенон? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, арв ӕмӕ зӕхх Мӕнӕй йемыдзаг не сты? — зӕгъы Дунедарӕг.
Йӕ галуантӕ сарӕзта уӕлӕрвты, Йе ’рдынцар ӕрфидар кодта зӕххы сӕрмӕ. Уый фӕсиды денджызы дӕттӕм ӕмӕ сӕ акалы зӕххы цъарыл, Дунедарӕг — Йӕ ном.