Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 22:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Ды зӕгъдзынӕ: „Хуыцау цы зоны? Саудалынджы цы хъуамӕ равзара?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 22:13
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Зӕххыл ахӕм саудалынг, ахӕм мӕрдон тар нӕй, фыдгӕнджытӕ Уымӕй сӕхи кӕм бааууон кӕной.


Судзгӕ цӕхӕр сыл ӕркӕлӕд, судзгӕ сӕрсӕфӕнмӕ сӕ нывзилӕнт, уырдыгӕй куыд макуыуал схизой!


Ӕз Дунедарӕгӕн загътон: «Ды мӕ Хуыцау дӕ, фехъус мын мӕ куывд, о Дунедарӕг!


цӕмӕй Дӕ уарзон адӕм фервӕзой. Дӕ рахиз къухӕй нӕ фервӕзын кӕн, нӕ куывд нын фехъус.


Тӕхудиаг у, Ды кӕй равзӕрстай, Дӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кодтай, уый. Дӕ уаз Кувӕндоны, Дӕ хӕдзары мах амондджын уыдзыстӕм.


Цӕмӕн айстай Дӕ къух, Дӕ рахиз къух? Сис Дӕ къух ӕмӕ сӕ бабын кӕн!


Додой сӕ къона, Дунедарӕгӕй арф чи ӕмбӕхсы, йӕ сусӕгвӕндтӕ аууон кӕныныл чи архайы, сӕ хъуыддӕгтӕ талынджы чи кӕны ӕмӕ афтӕ чи дзуры: «Чи нӕ фендзӕн? Чи нӕ базондзӕн?»


Кӕм бамбӕхсдзӕн адӕймаг, цӕмӕй йӕ Ӕз ма фенон? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, арв ӕмӕ зӕхх Мӕнӕй йемыдзаг не сты? — зӕгъы Дунедарӕг.


Дунедарӕг мын загъта: «Уыныс, адӕймаг, Израилы хистӕртӕй алчидӕр талынджы, йӕ гуымирыты нывтӕй фӕлыст уаты, цытӕ кӕны, уый? Уыдон дзурынц, Дунедарӕг мах нӕ уыны, зӕгъгӕ, Йӕхи, дам, атигъ кодта ацы зӕххыл».


Уый мын дзуапп радта: «Израил ӕмӕ Иудейы азым тынг стыр у. Ацы зӕхх тугӕй йедзаг у. Сахары мидӕг рӕстдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. Афтӕ зӕгъынц, Дунедарӕг, дам, Йӕхи атигъ кодта а зӕххыл ӕмӕ ницы уыны.


Мӕрдтыбӕстӕм куы фӕлидзой, уӕд сӕ уым дӕр ссардзынӕн, уӕларвмӕ куы ссӕуой, уӕд сӕ уырдыгӕй дӕр раппардзынӕн.


Кармелы хохы цъуппыл куы бамбӕхсой, уӕд сӕ уым дӕр ссардзынӕн ӕмӕ сӕ ’рцахсдзынӕн; денджызы бын Мӕ куы бамбӕхсой, уӕд сыл денджызы калмы сардаудзынӕн, цӕмӕй сыл фӕхӕца.


Уыцы бон Ӕз Йерусалимыл цырагъимӕ ӕрзилдзынӕн ӕмӕ бафхӕрдзынӕн, йе ’нхъизӕныл цы сӕн ныббадти, уыйау цы адӕмтӕ бандзыг сты, уыдоны, сӕ мидзӕрдӕйы афтӕ чи зӕгъы: «Дунедарӕг нын хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницы ракӕндзӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ