11 Саудалынджы ницыуал уыныс, знӕт уылӕнтӕн сӕ быны фӕдӕ.
Ферох дӕ уыдзысты уӕд дӕ хъизӕмӕрттӕ, чи акалди, уыцы донау нал ӕрлӕудзысты дӕ зӕрдыл.
Рухсӕй йӕ талынгмӕ тӕрынц, цӕмӕй ацы зӕххыл мауал уа.
Йӕ хӕдзарӕй рухсы цъыртт нал кӕлдзӕн, йӕ цырагъ бамынӕг уыдзӕн.
Хуыцау мын сӕхгӕдта мӕ фӕндаг, ӕмӕ мӕ бон акъахдзӕф кӕнын нӕу, саудалынг мын бафтыдта мӕ фӕндагыл.
Доны сын аирвӕзӕн нӕй, сӕ зӕххы хай — ӕлгъыст, сӕ сӕндӕттӕ ӕнӕвнӕлдӕй лӕууынц.
Дӕ хъӕлӕс ӕврӕгъты онг сӕххӕсдзӕн, знӕт дӕттӕ дын дзуапп ратдзысты?
Боныгон сыл саудалынг ӕртыхсы, бон-сихорафон, цыма ӕхсӕв у, уыйау, куырмӕджы цӕуӕгау, цӕуынц.
ӕнӕхуыцӕутты фӕндаг — саудалынджы ’нгӕс, цӕуыл фӕкӕлдзысты, уый нӕ зонынц.
зӕххыл сӕ цӕст ахӕсдзысты, алы ран дӕр — бӕллӕх ӕмӕ саудалынг, ӕмӕ саудалынджы хай бауыдзысты. Фӕлӕ ныр саудалынг кӕм ӕртыхст, уым ӕдзух афтӕ нӕ уыдзӕни.
Уӕ, саудалынгмӕ мӕ куы ’ркодта!
Цӕугӕдӕттӕ мӕ сӕрмӕ схӕццӕ сты, ныцъцъӕхахст кодтон: «Уӕ, ӕрцыди ме сӕфт!»
«Мӕ тыхст сахаты ӕз ӕрхатыдтӕн Хуыцаумӕ, мӕрдтыбӕстӕй — кӕсаджы хуылфӕй Дӕм нырдиаг кодтон, ӕмӕ мын фехъуыстай мӕ хъӕлӕс.
Паддзахад нысангонд кӕмӕн уыд, уыдон та ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ӕддӕмӕ, талынгмӕ; ӕмӕ уырдыгӕй хъуысдзӕни сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс».