8 Сӕ цот — сӕ алыварс, сӕ цоты цоты дӕр — сӕ разы.
Нӕдӕр ын цот ис, нӕдӕр цоты цот, адӕмы ’хсӕн йӕ хӕдзар дзӕгъӕлӕй баззайдзӕни.
Йӕ цот мӕгуыргурты раз козбау митӕ кӕндзысты, хӕлӕттаг ын фӕкӕндзысты йӕ мулк.
Йӕ хӕдзары мур дӕр ницыуал баззайдзӕн, Хуыцауы азары бон йӕ мулк байсысдзӕн донау.
Сӕ хӕдзӕрттӕн ницӕмӕй у тас, Хуыцау сӕм Йӕ лӕдзӕгӕй не ’взиды.
Дунедарӕг ныннӕрыди уӕлӕрвты, Иууылбӕрзонды хъӕлӕс ныййазӕлыд — ихуард ӕмӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ.
Зӕронд лӕгӕн йӕ кады худ — йӕ цоты цот, фырттӕ та кадджын сты сӕ фыдӕлтӕй.
Ӕнӕхъуаджы нал уыдзӕни сӕ фӕллой, ӕвгъӕддон сылгоймӕгтӕ сӕ сабитӕн нал тӕрсдзысты ӕлгъыст фидӕнӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй арфӕгонд уыдзысты сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддаг дӕр.