34 Уӕдӕ мын сымах уӕ тутт ныхӕстӕй мӕ зӕрдӕ куыд фӕфидар кӕндзыстут? Уӕ ныхӕсты — ӕрмӕст мӕнгдзинад!»
Уӕ ныхӕстӕ рыгӕй уӕлдай не сты, ӕлыгӕй конд уартыл уӕ зӕрдӕ ма дарут.
Сымах та мӕ дзӕбӕх кӕнут мӕнгдзинадӕй, уе ’ппӕт дӕр стут ницӕйаг хосгӕнджытӕ!
«Ахӕм ныхӕстӕ ӕз бирӕ фехъуыстон, уӕ ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕй масты ӕфтаут ӕрмӕстдӕр.
Ӕмӕ йын дзуапп радта Елифаз, теманаг:
ӕртӕ хӕлармӕ та уымӕн, ӕмӕ Иовы ныхмӕ исты сдзурынӕн аккаг ныхӕстӕ не ссардтой.
Дунедарӕг Иовимӕ Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд загъта теманаг Елифазӕн: «Дӕумӕ дӕр ӕмӕ дӕ дыууӕ ’мбалмӕ дӕр фыр мӕстӕй судзын — сымах Мӕн тыххӕй Мӕ цагъар Иовы хуызӕн раст кӕй нӕ дзырдтат, уымӕн.