31 Ӕргомӕй йын рӕстдзинад чи зӕгъдзӕн, йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзы дзуапп чи ӕрдомдзӕн?
Сӕ байзӕддагыл сын рахӕтдзӕн Хуыцау? Сӕхицӕн сын аккаг фӕуӕд, цӕмӕй зоной,
бӕллӕхы бон фыдгӕнӕг ӕнӕхъыгдардӕй баззайы, Азары бон ацӕуы йӕ иувӕрсты.
Чырыны сӕр ыл куы ’рӕхгӕной, уӕд ын йӕ ингӕны раз хъалагъур сӕвӕрдзысты,
йӕ комӕй арт бырсы, зынджы стъӕлфӕнтӕ дзы хауы;
Уӕд Дын ӕхцон уыдзысты рӕстады нывӕндтӕ, хуынтӕ ӕмӕ иууылсудзинӕгтӕ; уӕд уӕнгуытӕ ӕрӕвӕрдзысты Дӕ нывондхӕссӕныл.
Дунедарӕгыл нӕ зӕрдӕ сивтам, мӕнг ныхӕстӕ дзырдтам, нӕ Хуыцауы фӕдыл цӕуын нӕ разы кодтам; гадзрахатмӕ, ӕгъатыр митӕм сидтыстӕм, мысыдыстӕм, хъусын кодтам мӕнгдзинад.
Иоанн та йын дзырдта: «Де ’фсымӕры усимӕ дын не ’мбӕлы цӕрын».
Павел рӕстӕй цӕрыны, хиуыл хӕцыны ӕмӕ фидӕны тӕрхоны тыххӕй куы дзырдта, уӕд Феликсы тас бацыд ӕмӕ загъта: «Ныр ацу, рӕстӕг мын куы фӕуа, уӕд та дӕм фӕдзурдзынӕн».
Уӕ маст макӕмӕй исут, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, фӕлӕ йӕ бакӕнут Хуыцауы фыдӕхы ӕвджид. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Сыгъдӕг Фысты зӕгъы: «Мӕ бар уадзут маст исын, Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн».
Фӕлӕ Кифӕ Антиохимӕ куы ӕрцыд, уӕд ӕз комкоммӕ радзырдтон йӕ ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ раст нӕ бакодта.
Йӕхи Йыл чи тигъ кӕны, уыдонӕн аккаг фӕуыдзӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзӕн — се ’ппӕтыл дӕр ӕвӕстиатӕй Йӕ бӕллӕх сӕвӕрдзӕн.
Хатыргӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхондоны хатыр нӕ уыдзӕн; хорзӕхджынӕн тӕрхонӕй тас нӕу.