Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 21:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 бӕллӕхы бон фыдгӕнӕг ӕнӕхъыгдардӕй баззайы, Азары бон ацӕуы йӕ иувӕрсты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 21:30
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ хӕдзары мур дӕр ницыуал баззайдзӕн, Хуыцауы азары бон йӕ мулк байсысдзӕн донау.


Ӕнаккагӕн ахӕм хъысмӕт сныв кодта Хуыцау, уый йын — Хуыцауы тӕрхон».


Ӕнаккӕгты зынг арӕх ахуыссы, бӕллӕхы арӕх бахауынц? Хуыцауы фыдӕх сӕ арӕх баййафы?


цӕмӕй сӕхи цӕстӕй феной се сӕфт, Ӕппӕтхъомысы азар сӕхӕдӕг куыд бавзарой.


Фӕлӕ-ма уӕдӕ бӕлццӕтты бафӕрсут, сӕ ныхӕстыл-ма сын ахъуыды кӕнут:


Ӕргомӕй йын рӕстдзинад чи зӕгъдзӕн, йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзы дзуапп чи ӕрдомдзӕн?


Ау, фыдбылызы хъуамӕ тӕригъӕдджын ма бахауид, фыдгӕнӕгӕн ма ӕрцӕуид йе сӕфт?


Бакӕс-ма йын йӕ сӕвджын синтӕм, йӕ гуыбыны хъӕддых нуӕрттӕм!


Хуыцау нӕ аппардзӕни рӕстаджы ӕмӕ фыдгӕнӕджы фарс нӕ фӕлӕудзӕн.


Чи Йӕ нымайы, уыдонӕн дӕтты хойраг, ӕнусмӕ Дзы нӕ рох кӕны Йӕ фӕдзӕхст.


Бӕласы къалиутӕм фӕрӕт куыд сисынц, уыйау


Дунедарӕджы масты бон куы ралӕууа, уӕд мулкӕй ницы пайда уыдзӕн, фӕлӕ, раст фӕндагыл чи цӕуы, уый мӕлӕтӕй фервӕздзӕн.


Дунедарӕг алцыдӕр йӕхи нысанӕн сфӕлдыста, суанг ӕнӕхуыцауы дӕр бӕллӕхы бонмӕ хъахъхъӕны.


Фӕлӕ Нетаниайы фырт Измаел аст лӕгимӕ Йохананӕй аирвӕзт ӕмӕ аммонӕгты зӕхмӕ алыгъди.


Дунедарӕг у ӕнувыддзинад домӕг ӕмӕ мастисӕг Хуыцау, Йӕ маст Ын бауромӕн нӕй. Дунедарӕг Йӕ маст райсы Йе знӕгтӕй, йӕ фыдгултӕн нӕ ныббары.


Уый уыдзӕни карз тӕрхоны, удхар ӕмӕ хъизӕмары, гӕныстон ӕмӕ сӕфты, саудалынг ӕмӕ тары, асӕст ӕмӕ тымыгъы бон.


Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.


уӕд бардзырд радта: «Лӕгӕтмӕ бацӕуӕныл егъау дуртӕ бафӕлдахут ӕмӕ йын хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрут.


Ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх та уыцы ныхасӕй хъахъхъӕд цӕуынц артӕн — Тӕрхоны бон бабын уыдзысты уыдон дӕр ӕмӕ ӕппӕт ӕнӕхуыцӕуттӕ дӕр.


Уыдон сты, сӕ худинаджы фынк кӕмӕн абухы, уыцы денджызы знӕт уылӕнтау, мыггагмӕйы саудалынг кӕмӕ кӕсы, уыцы дзӕгъӕл стъалытау.


Ралӕууыди Сӕ азары стыр бон, ӕмӕ йын чи бафӕраздзӕн?»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ