26 Дыууӕйӕ дӕр сыджытмӕ цӕуынц, сӕ дыууӕ дӕр ӕмхуызон скӕлм уыдзысты.
Марды чырын хонын мӕ фыд, уаллоны — мӕ мад, мӕ хо.
ӕмӕ, мӕ буар куы азгъӕла, уӕд дӕр ӕз фендзынӕн Хуыцауы.
Се стджыты цы ’взонджы бонты хъару ис, уыимӕ сыджыты ӕрхуысдзысты йӕ фарсмӕ.
Иннӕтӕ та амӕлынц зӕрдӕрыстӕй, цардӕй ницы фенынц, афтӕмӕй.
Зонын уын уӕ хъуыдытӕ, мӕ ныхмӕ цы зӕгъинаг стут, уый дӕр.
Цы хуылфӕй рацыд, уымӕй — рох, уаллӕттӕн хӕрзад хойраг суыдзӕн; хъуыды дӕр ӕй ничиуал ӕркӕндзӕн, бӕласау калд ӕрцӕудзӕни фыддзинад.
Мӕхицӕн ӕнӕмӕтӕй хуыссин ӕмӕ улӕфин,
Бузныджы нывонд ӕрхӕсс Хуыцауӕн, Бӕрзӕндтыл Бадӕгӕн цы сомы ракодтай, уый сӕххӕст кӕн.
Алкӕуыл дӕр алцыдӕр ӕрцӕуы: рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыныл; сыгъдӕг ӕмӕ, чи фӕчъизи ис, ууыл; нывӕндтӕ чи хӕссы ӕмӕ сӕ чи нӕ хӕссы, уыдоныл; сомыгӕнджытыл ӕмӕ, сомы кӕнынӕй чи тӕрсы, уыдоныл.
Дунейы алцы кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуы. Удӕгас адӕймаг хӕрамӕй йедзагӕй ӕмӕ зондцухӕй фӕцӕры, уый фӕстӕ мӕрдтыл бафты.
Мӕрдтыбӕстӕм ӕппӕрст ӕрцыди де схъӕлдзинад дыууадӕстӕнонты цагъдимӕ. Уаллӕттӕй дын — гобан, уаллӕттӕ — дӕ хъӕццул дӕр.