25 Иннӕтӕ та амӕлынц зӕрдӕрыстӕй, цардӕй ницы фенынц, афтӕмӕй.
Загъта ма: «Ды зоныс дӕ фыд ӕмӕ йӕ адӕмӕн се ’хсар, зоныс, йӕ лӕппынтӕ кӕмӕн байстой, уыцы мадӕл арсау ныр агъуыд кӕй уыдзысты, уый дӕр. Уыимӕ дӕ фыд, фӕлтӕрдджын хӕстон, дзыллӕимӕ иу ран нӕ бахсӕвиуат кӕндзӕн.
Уый йын загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, къӕбӕры мур мӕм нӕй. Ӕрмӕстдӕр мӕм дурыны мидӕг ис иу армыдзаг ссад, хъуырауы мидӕг та — иу чысыл сой. Ӕмӕ мӕнӕ суджы дыууӕ лыггаджы ахӕссон, фӕстаг хӕринаг скӕнон мӕхицӕн ӕмӕ мӕ лӕппуйӕн, стӕй амӕлдзыстӕм».
Цардӕй мӕ зӕрдӕ фӕцъӕх ис, ӕмӕ куыннӕ кӕнон хъарджытӕ? Мӕ уды хъизӕмар раргом кӕндзынӕн.
Бухъхъ цардӕй цӕрдзӕн, афтӕ йӕ Хуыцауы азар баййафдзӕн, ихуарӕгау ыл ныккӕлдзӕн.
Сӕ буӕрттӕ — хъӕддых, се стӕг — фидар.
Дыууӕйӕ дӕр сыджытмӕ цӕуынц, сӕ дыууӕ дӕр ӕмхуызон скӕлм уыдзысты.
Удхаргӕнӕджы цӕмӕн хъӕуы рухс, удвӕллады та — цард?
Уымӕ гӕсгӕ ӕз мӕ дзыхыл нӕ ныххӕцдзынӕн — мӕ уды хъизӕмӕрттӕ фӕдзурдзынӕн, мӕ уды риссӕгтӕ скалдзынӕн.
Сулӕфын дӕр мӕ нӕ уадзы, мастӕй мӕ скодта мӕ хъуырмӕ.
Лӕгӕн йӕ рыст йӕхи йеддӕмӕ ничи зоны, йӕ циныл дӕр ын йӕхицӕй фылдӕр ничи фӕцин кӕндзӕн.
Хуыцау адӕймаджы схъӕздыг ӕмӕ скадджын кӕны, цӕмӕ бӕллы, уыдӕттӕй хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ йын йӕ исбонмӕ йӕ къух бадарын нӕ фӕуадзы, йӕ фӕллӕйттӕн ын ӕцӕгӕлон уынаффӕ фӕкӕны. Ӕмӕ та уый дӕр аивгъуыйы, стыр бӕллӕх у уый!
«Адӕймаджы фырт! Тӕрсгӕ-ризгӕйӕ хӕр дӕ къӕбӕр ӕмӕ катайгӕнгӕйӕ нуаз дӕ дон.