Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 21:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Чи у Ӕппӕтхъомыс, цӕмӕй Йын лӕггад кӕнӕм, цы пайда нын ис Уымӕ кувынӕй?“

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 21:15
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыдон Хуыцауӕн дзырдтой: „Ныууадз нӕ! Ӕппӕтхъомысӕн нын Йӕ бон цы у?“


Раст адӕймаг кӕй дӕ, уый Хуыцауӕн ӕхсызгонӕй цы дӕтты? Ӕнаипп кӕй дӕ, уымӕй Ууыл цы ’фты?


Уымӕн ӕмӕ зӕгъы, Хуыцауы зӕрдӕ ’лхӕнынӕй адӕймагӕн цы пайда ис, зӕгъгӕ.


Ды зӕгъыс: „Цы уӕлдай мын у, растӕй цӕрон ӕви тӕригъӕды цӕуон?“


Ӕркӕс мӕм, дзуапп мын ратт, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Рухс фенын кӕн мӕ цӕстытӕн, цӕмӕй мӕрдон фынӕй ма бауон,


Дӕ хъаруйы фӕрцы денджызы уылӕнтӕ фӕцыдысты фӕйнӕрдӕм, ныссастай доны кӕлмытӕн сӕ сӕртӕ,


Фӕлӕ сын фараон загъта: «Чи у уыцы Дунедарӕг ӕмӕ Йӕм цӕмӕн хъуамӕ байхъусон? Ӕз Дунедарӕджы нӕ зонын ӕмӕ израилӕгты нӕ ауадздзынӕн».


цӕмӕй, куы фелгъӕд уон, уӕд Дӕ ма ферох кӕнон ӕмӕ афтӕ ма зӕгъон: «Дунедарӕг та чи у?»; цӕмӕй фыр мӕгуырӕй давын ма райдайон ӕмӕ Дын Дӕ ном ма сӕгад кӕнон.


Рӕстдзинады фӕндагӕй, дам, иуварс ахизут ӕмӕ нын Израилы Уаз Хуыцауӕн Йӕ кой дӕр мауал кӕнут.


Сусӕгӕй кӕнӕ талынг рӕтты никуы дзырдтон. Йаковы хӕдзарвӕндагӕн нӕ дзырдтон, дзӕгъӕлы Мӕ агурут, зӕгъгӕ. Ӕз Дунедарӕг дӕн, рӕстдзинад Чи дзуры ӕмӕ ӕцӕгдзинад Чи ӕргом кӕны, Уый.


Ды цӕрыс мӕнгарддзинады ӕхсӕн, мӕнгард сты, Мӕн зонын сӕ нӕ фӕнды», — зӕгъы Дунедарӕг.


Уыгӕрдӕн сӕ къухы куы бафтыд ӕмӕ куы бафсӕстысты, уӕд схъал сты. Рох дӕр Мӕ уымӕн фӕкодтой.


Сымах зӕгъут: «Дзӕгъӕлы лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн. Цы пайда нын ис, Йӕ уагӕвӕрдтӕ Йын кӕй ӕххӕст кодтам ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕджы раз хъыггӕнгӕйӕ кӕй цардыстӕм, уымӕй?


Курут ӕмӕ уын ратдзысты, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут, ӕмӕ уын байгом кӕндзысты.


Ныронг ницы куырдтат Мӕ номӕй. Ныр курут ӕмӕ райсдзыстут, ӕмӕ уӕ циндзинад уыдзӕни ӕххӕст.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ