13 Амондджынӕй ӕрвитынц сӕ цард, ӕнӕ удхарӕй ацӕуынц мӕрдтыбӕстӕм.
далатӕ ӕмӕ хъисфӕндыртимӕ зарынц, сӕхи хъӕлдзӕг дарынц уадындзтӕй.
Иутӕ, сӕ хъару йӕ тӕккӕ тӕмӕны бацӕуы, афтӕмӕй ӕрбамӕлынц, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй.
Уыдон афонӕй раздӕр цагъды фесты, сӕ хӕдзӕрттӕ сын дон фӕласта.
Хуры зынг цӕстӕй митдон куыд ӕрбайсӕфы, афтӕ тӕригъӕдджын дӕр фесӕфдзӕни мӕрдтыбӕсты.
Куыддӕр сӕхиуыл фервӕссой, афтӕ ӕрбайсӕфдзысты: иннӕтау ӕрхаудзысты ӕмӕ амӕлдзысты; мӕнӕуы ӕфсиртау карст ӕрцӕудзысты.
Мӕхицӕн ӕнӕмӕтӕй хуыссин ӕмӕ улӕфин,
Кӕд Йӕ коммӕ бакӕсой ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, уӕд арфӕйаг уыдзӕни сӕ кӕрон, райгӕ арвитдзысты сӕ царды бонтӕ.
Дӕ Кувӕндоны Де знӕгтӕ рыхынц, сӕ тырыса дзы сауыгътой.
Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.
Ӕгас Израилӕй кӕй ӕрӕмбырд кодтой, уыцы дӕс мин ӕвзаргӕ хӕстоны Гевӕйы сахармӕ бабырстой. Райдыдта уӕззау тох. Бениамины фӕдонтӕ, фӕуӕлахиз сыл уыдзысты, уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты,