10 Сӕ богътӕ бауадзынц гуырдз, сӕ хъуццытӕн тас нӕу фефтауынӕй.
Сӕ цот хъылдым кӕнынц уӕрыччытау, ӕнӕмӕтӕй хъазынц сӕхицӕн,
Сӕ хӕдзӕрттӕн ницӕмӕй у тас, Хуыцау сӕм Йӕ лӕдзӕгӕй не ’взиды.
Нӕ-иу фефхӕлц уыдзысты уӕ сылгоймӕгтӕ, нӕ уын уыдзысты ӕнӕзӕнӕг. Уӕ царды бонтӕ уын баххӕст кӕндзынӕн.
Уыдис иу хъӕздыг лӕг, уый дардта зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд дарӕс, хъал цард кодта.
Алы хорзӕхӕй уӕ схайджын кӕндзӕн Дунедарӕг: зӕнӕг, фос ӕмӕ уӕм тыллӕг бирӕ уыдзӕн, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕххыл.