7 уӕддӕр йӕ фаджысау йӕхӕдӕг дӕр ӕрбайсӕфдзӕн, чи йӕ федта, уыдон зӕгъдзысты: „Цы фӕци?“
Уымӕ гӕсгӕ дын дӕ хӕдзаронты фыдбылызы амӕттаг бакӕндзынӕн, цагъайраг уа ӕви сӕрибар — Израилы адӕмы ’хсӕн Йоровамы хӕдзарвӕндагӕй иу лӕппу-байзӕддаджы дӕр нал ныууадздзынӕн, фаджыс мӕрзӕгау се ’ппӕты дӕр рамӕрздзынӕн.
Хуымы фаджысау суыдзӕн йӕ мард Изреелы быдыры, ӕмӕ ничиуал зӕгъдзӕн, уый Иезавел у, зӕгъгӕ».
Лӕг та амӕлы ӕмӕ бартхутӕг вӕййы. Йӕ уд сисы ӕмӕ нал фӕзыны.
Фӕлӕ ма амӕлӕг куыд райгас уыдзӕни? Цалынмӕ мӕ рӕстӕг ахицӕн уа, уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн фервӕзынмӕ.
Куы йӕ ’рцӕвай — ӕрбайсӕфдзӕни ӕнустӕм, йӕ цӕсгомы хуыз ын аивдзынӕ ӕмӕ йӕ арвитдзынӕ.
Сымах зӕгъдзыстут: „Цы фесты уӕздӕтты хӕдзӕрттӕ, ӕнӕхуыцӕутты цатыртӕ цы баисты?“
Бонджынӕй бӕргӕ ныххуыссы, фӕлӕ сӕумӕйӕ гаффуттӕй райхъал вӕййы.
Сӕумӕрайсомӕй изӕрмӕ — сӕ цард, ӕнустӕм куыд ӕрбатар уыдзысты — зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакӕндзынӕ.
Йӕ хӕдзармӕ нал раздӕхдзӕн, йӕ райгуырӕн уӕзӕг ӕй нал фендзӕни.
фӕлӕ йӕ сыскъуын йӕ бынатӕй, уӕд ыл йӕ бынат дӕр йӕ къух ауигъдзӕн, ам дӕ уынгӕ дӕр никуы фӕкодтон, зӕгъгӕ.
Мӕ зӕрдӕйы тугтӕ ныккӕлынц, уый куы ӕрымысын, уӕд: ӕз-иу цины хъӕртимӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ, бӕрӕгбонхуыз дзыллӕимӕ цыдтӕн Хуыцауы хӕдзармӕ.
О Хуыцау, нӕ сӕрылхӕцӕг! Дӕ аудӕг цӕстӕй ӕркӕс Дӕ байсӕрст паддзахмӕ!
Уӕ фыдгулты уӕ цӕсты кӕронӕй дӕр нал фендзыстут. Уӕ ныхмӕ чи хӕцы, уыдон зыбыты ницӕмӕ ӕрцӕудзысты.
Хур ӕмӕ мӕйы, стӕй ӕппӕт уӕларвон ӕфсады — кӕй уарзтой, кӕмӕн лӕггад кодтой ӕмӕ кӕй фӕдыл цыдысты, кӕй фарстой ӕмӕ кӕмӕн куывтой, уыдоны бын сӕ ныххӕлиу кӕндзысты. Ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.
Фӕлӕ цӕргӕсау бӕрзонд куы стӕхай ӕмӕ стъалыты астӕу дӕхицӕн ахстон куы сбийай, уӕд дӕ уырдыгӕй дӕр расхойдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.