6 Йӕ кад уӕларвмӕ дӕр сӕххӕссӕд, йӕ сӕр арвыл ныдзӕвӕд,
Загътой: «Цӕй ӕмӕ ном скӕнӕм нӕхицӕн — саразӕм сахар, уӕлӕрвтӕм чи ӕххӕсса, ахӕм мӕсыгимӕ, цӕмӕй ӕгас зӕххы цъарыл ма ныххӕлиу уӕм».
Вавилон суанг уӕлӕрвтӕм куы сӕххӕсса ӕмӕ йӕ бӕрзонд мӕсгуытӕ куы бафидӕрттӕ кӕна, уӕд дӕр ӕм Ӕз дӕрӕнгӕнджыты ӕрбарвитдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
ӕмӕ хъӕрӕй загъта: ‚Акалут бӕлас, йӕ къалиутӕ йын акъуырут, йӕ сыфтӕртӕ йын ныццӕгъдут, йӕ дыргътӕ йын ныппырх кӕнут фӕйнӕрдӕм! Уадз ӕмӕ сырдтӕ йӕ бынӕй алидзой ӕмӕ мӕргътӕ йӕ къалиутӕй атӕхой.
Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцӕудзынӕ, цӕрдзынӕ сырдтимӕ, галау кӕрдӕг хӕрдзынӕ ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй дӕхи ӕхсдзынӕ. Авд азы куы рацӕуа, уӕд бамбардзынӕ: ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн сӕ хицау у Иууылбӕрзонд, ӕмӕ паддзахы бынат, кӕмӕн ӕй бафӕнды, уымӕн ратты.
Мӕрдтыбӕстӕм куы фӕлидзой, уӕд сӕ уым дӕр ссардзынӕн, уӕларвмӕ куы ссӕуой, уӕд сӕ уырдыгӕй дӕр раппардзынӕн.
Науӕд ды, Капернаум, афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ дӕ арвмӕ сисдзысты? Нӕ, дӕлзӕхмӕ ныххаудзынӕ, уымӕн ӕмӕ, ды цы диссӕгтӕ федтай, уыдон Содомы куы равдыстӕуыдаид, уӕд ма уый абон дӕр ма йӕ бынаты лӕууид.