Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 20:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Йӕ буары ахиздзӕн, йӕ маст ын ныппырх кӕндзӕн, мӕрдудхӕрттӕ йыл бафтаудзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 20:25
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йоав загъта: «Мӕн демӕ мӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы сафынмӕ не ’вдӕлы». Ӕртӕ фаты райста ӕмӕ сӕ Авессаломы зӕрдӕйы ныссагъта, уый нырма удӕгас уыди тулдз бӕласыл.


Удаист хъӕр йӕ хъусты зӕлы, ӕнӕнхъӕлӕджы йӕм ӕрбалӕууы йӕ сафӕг.


Ихуарӕгау мыл Йӕ фӕттӕ ныккалдта, уыргӕфтыд ӕмӕ тугомынты мӕ фӕкодта.


Йӕ алыварс ӕй алцы тасы ӕфтаудзӕн, фыр тӕссӕй йӕ сӕр йӕ кой суыдзӕн.


Йӕ хӕдзарӕй йӕ раласдзысты, Фыд азары паддзахы размӕ йӕ акӕндзысты.


Дудгӕбон ӕй ивылд донау аласдзӕн, ӕхсӕвы йӕ уадтымыгъ аскъӕфдзӕн.


Ӕппӕтхъомысы фӕттӕ мӕ ахызтысты, марг дарынц мӕ удӕн, фыртас мыл бафтыдта Хуыцау.


Хуыцау у раст тӕрхонгӕнӕг, ӕрвылбон карзӕй дзуапп Чи домы, Уый.


Дӕ бӕлоны уд знӕгты къухмӕ ма ратт, Дӕ зӕрдӕсаст адӕмы рохуаты ма ныууадз бынтон.


Дӕ паддзахы бадӕны бындур — рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон; Дӕ хорзӕх ӕмӕ Дӕ иузӕрдиондзинад цӕуынц Дӕ разӕй.


Мах зонӕм Бардарӕджы тас ӕмӕ ӕууӕндын кӕнӕм адӕмы. Цы стӕм, уый Хуыцауӕн зындгонд у; афтӕ ӕнхъӕл дӕн, ӕмӕ сымах дӕр мах тыххӕй алцыдӕр зонут.


Мӕ цӕхӕркалгӕ кард куы сцыргъ кӕнон ӕмӕ тӕрхон кӕнынмӕ куы бавналон, уӕд Ме знӕгтӕн аккаг фӕуыдзынӕн, Мӕ фыдгултӕн схос кӕндзынӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ