15 Цы мулк аныхъуырдта, уый фӕстӕмӕ сомдзӕн, — Хуыцау ын ӕй йӕ фарсӕй фӕкӕндзӕн.
Йӕ цот мӕгуыргурты раз козбау митӕ кӕндзысты, хӕлӕттаг ын фӕкӕндзысты йӕ мулк.
уӕд уыцы хойраг йӕ гуыбыны калмы марг фестдзӕн.
Йӕ фӕллӕйттӕ хиды бынты ацӕудзысты, йе ’фтиӕгтыл цин нӕ кӕндзӕн.
Уымӕн ӕмӕ ницӕмӕй ӕфсӕсти, алцӕуыл дӕр хӕлоф кодта,
Йӕ хӕдзары мур дӕр ницыуал баззайдзӕн, Хуыцауы азары бон йӕ мулк байсысдзӕн донау.
Куырыхоны хӕдзары зынаргъ ӕвӕрӕнтӕ ӕвидигӕ сты, ӕдылы та сӕ ’нӕвгъауӕй хардз кӕны.
Дӕ комдзаг фӕстӕмӕ сомдзынӕ, дӕ хорз ныхӕстӕ уӕлдӕфы ацӕудзысты.
Вавилоны паддзах Навуходоносор мӕ хордта ӕмӕ ӕхсыдта, афтид мигӕнӕн мӕ сарӕзта! Ныхъуырдта мӕ кӕфхъуындарау, бафсӕсти мӕ, йӕ гуыбын байдзаг кодта мӕнӕй, уый фӕстӕ мӕ фӕстӕмӕ скалдта.
Ӕз вавилойнаг Белы бафхӕрдзынӕн, цыдӕриддӕр аныхъуырдта, уыдон ын фӕстӕмӕ скалын кӕндзынӕн. Адӕмтӕ йӕм нал цӕудзысты, Вавилоны систӕ ныппырх уыдзысты.
Фӕлӕ йыл уыдон сӕхи худӕгӕй хӕсдзысты ӕмӕ, хынджылӕггӕнгӕ, дзурдзысты: «Додой йӕ къона, искӕй фӕллӕйттӕ чи ссивы, тыхтонайы фӕрцы йӕ исбоныл чи ӕфтауы, уымӕн! Бирӕ ма дын бантысдзӕн?!»