12 Кӕд ын фыддзинад афтӕ адджын у, ӕмӕ йӕ йе ’взаджы бын дары,
Сылгоймаг федта: бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн бӕззынц, сӕ уындӕй цӕст рӕвдауынц ӕмӕ ма уыимӕ зондыл дӕр ӕфтауынц. Ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта, йӕ мойӕн дӕр дзы радта, ӕмӕ уый дӕр бахордта.
Давид ын загъта: «Уӕдӕ ам баззай абон, райсом дӕ арвитдзынӕн». Ӕмӕ Уриа уыцы бон Йерусалимы баззад. Иннӕ бон ӕй
Адӕймаг та бынтон ӕлгъаг ӕмӕ хӕлд у, тӕригъӕды бацӕуын уымӕн дон нуазынау у.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг раст у, уарзы рӕстдзинад; рӕстуд Ын фендзӕни Йӕ цӕсгом.
Мӕнгӕвдисӕн тӕрхондонӕй хынджылӕг кӕны, ӕнӕхуыцау тӕригъӕдтӕй ӕфсӕды.
Сайӕн миты фӕрцы цы хойрагыл фӕхӕст уай, уый хӕрзад вӕййы, фӕлӕ фӕстӕдӕр дӕ дзых змисӕй байдзаг уыдзӕн.
Мӕ лӕппу! Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит, де ’рыгон бонты царды цинӕй бафсӕд; дӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, дӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕн, фӕлӕ зон: дӕ хъуыддӕгтӕн дын Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.
Дӕхи фыдракӕнд бафхӕрдзӕни дӕу, дӕ гадзрахат дӕ азымджын кӕндзӕни. Уӕдӕ ахъуыды кӕн ӕмӕ бамбар: Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдбылызӕн ныууагътай. Нӕй дӕм тас Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —