11 Се стджыты цы ’взонджы бонты хъару ис, уыимӕ сыджыты ӕрхуысдзысты йӕ фарсмӕ.
Кӕуинаг хъысмӕт мын сныв кодтай, мӕ рагбонты рӕдыдтытӕ мын бафидын кодтай карзӕй.
Мемӕ мӕрдтыбӕстӕм ныххиздзӕни уый, сыджыты ’рхуысдзӕни мемӕ».
Царм ӕмӕ мӕ стджытӕ йеддӕмӕ ницыуал баззад, мӕ уд ӕндахыл хӕцы.
Иутӕ, сӕ хъару йӕ тӕккӕ тӕмӕны бацӕуы, афтӕмӕй ӕрбамӕлынц, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй.
Сӕ буӕрттӕ — хъӕддых, се стӕг — фидар.
Дыууӕйӕ дӕр сыджытмӕ цӕуынц, сӕ дыууӕ дӕр ӕмхуызон скӕлм уыдзысты.
Стаудзынӕн дӕ хъӕрӕй, Дӕ диссаджы хабӕрттыл Дын дзурдзынӕн.
Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафынц, рӕстудӕн та йӕ мӕлӕты дӕр ис зӕрдӕдарӕн.
Уый бӕрц ӕлгъаг у дӕ чъизи, ӕмӕ дӕ цасфӕнды куы сыгъдӕг кӕнон, уӕд дӕр чъизийӕ баззайдзынӕ ӕмӕ фидӕны дӕр не ссыгъдӕг уыдзынӕ, цалынмӕ дыл Мӕ азар нӕ ныххуырсон, уӕдмӕ.
Уыдонӕн дӕр сӕ хъысмӕт — ӕнӕсунӕт хӕстонты раз ӕрхуыссын, ӕд хотыхтӕ мӕрдтыбӕстӕм чи ныццыд, сӕ кӕрдтӕ сӕ нывӕрзӕн кӕмӕн сты, сӕ уартытӕ се стджытыл кӕмӕн равӕрдтой. Кӕддӕр та уыдон уӕлӕуыл ӕвирхъау тас ӕфтыдтой цардудтыл.
Ӕмӕ та сын Йесо ногӕй загъта: «Ӕз цӕугӕ кӕнын. Агурдзыстут ма Мӕ, фӕлӕ уӕ тӕригъӕды амӕлдзыстут. Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымахӕн уырдӕм бацӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн».
Ӕз уын уымӕ гӕсгӕ загътон, сымах уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ ӔЗ ДӔН, ӕмӕ ууыл куынӕ баууӕндат, уӕд уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут».
цӕмӕй, чи йӕ ныууагъта ӕмӕ йе ’цӕг дунемӕ чи ацыд, уыцы Иудӕйы бӕсты суа Дӕ апостол».