Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 2:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 «Йӕхи цармӕн мацы уӕд, уый йеддӕмӕ адӕймаг кӕйфӕнды царм дӕр рауӕлдай кӕндзӕн, — дзуапп радта сайтан Дунедарӕгӕн. — Йӕхи царды сӕраппонд, цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдоныл фӕстӕмӕ нӕ фӕхӕцдзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 2:4
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыйадыл Йосефмӕ ӕрбатардтой сӕ фос, ӕмӕ сын уый сӕ бӕхтӕ, сӕ фысвос, стурвос ӕмӕ хӕрджыты сӕрмӕ радта афӕдзваг хойраг.


Ау, дӕ цӕсты раз хъуамӕ бабын уӕм, ӕмӕ нӕ зӕххытӕ ӕдзӕрӕг фӕуой? Фӕлтау нын нӕхи дӕр ӕмӕ нӕ зӕххытӕ дӕр хойраджы сӕрмӕ айс, ӕмӕ ӕд зӕххытӕ суыдзыстӕм фараоны цагъартӕ. Ратт нын тауинаг, цӕмӕй удӕгасӕй аирвӕзӕм, науӕд быныскъуыд кӕнӕм, ӕмӕ заууатмӕ ӕрцӕудзӕни зӕхх дӕр».


Йӕ дӕлдӕртӕ йын загътой: «Израилы паддзӕхтӕ хатыргӕнаг вӕййынц, зӕгъгӕ, фехъуыстам. Гъемӕ нын бар ратт, ӕмӕ нӕ астӕутыл ӕрбатухӕм сӕхъистӕ, нӕ хъуыртыл та — синӕгтӕ ӕмӕ афтӕмӕй Израилы паддзахмӕ рацӕуӕм, кӕд дын, мыййаг, ныббарид ӕмӕ дӕ нӕ амарид».


«Ӕмӕ уӕд мӕ цагъар Иовыл дӕ цӕст не ’рхӕцыд? — бафарста йӕ Дунедарӕг. — Зӕххыл уый хуызӕн ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг нӕй. Хуыцауы тас ӕм ис, ӕмӕ фыд ракӕнынӕй йӕхи хизы. Ныронг дӕр ӕнаипп у. Ды та Мӕ йӕ ныхмӕ ардыдтай, цӕмӕй йӕ Ӕз ӕнӕ исты аххосӕй бабын кӕнон».


Фӕлӕ ма йын уӕдӕ йӕхи стӕг, йӕхи буармӕ февнал, кӕддӕра Дӕ нӕ ралгъитид?»


Хъӕздыг адӕймаг йӕ мулчы фӕрцы мӕлӕтӕй фервӕзы, фӕлӕ мӕгуыр лӕг уайдзӕф дӕр нӕ фехъусдзӕн.


Фӕлӕ дзы дӕс лӕджы Измаелӕн балӕгъстӕ кодтой: «Ма нӕ амар! Махӕн быдыры ис ӕмбӕхсӕнтӕ, уым ис мӕнӕу, хъӕбӕрхор, оливӕйы сой ӕмӕ мыд». Ӕмӕ сӕ уӕд Измаел иннӕтау нал амардта.


Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?


Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут нӕдӕр, цы бахӕрат ӕмӕ цы бануазат, ууыл, нӕдӕр дарӕсыл. Ау, цард хойрагӕй ахсджиагдӕр нӕу, буар та — дарӕсӕй?


Цард хойрагӕй ахсджиагдӕр у, буар та — дарӕсӕй.


Уыдон дзуапп радтой Йешуайӕн: «Дӕ цагъартӕ фехъуыстой, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ минӕвар Моисейӕн кӕй бафӕдзӕхста ацы зӕхх иууылдӕр сымахӕн раттын ӕмӕ йын йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр ныццӕгъдын. Куы нӕ амарат, уымӕй тынг тарстыстӕм, ӕмӕ уымӕн афтӕ бакодтам.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ