9 Мӕ кад мын байста, мӕ кады худ мын систа мӕ сӕрӕй.
Уый уынаффӕгӕнджытӕн сӕ сӕрызонд фесафы, тӕрхонгӕнджыты сӕдылы кӕны.
Сауджынты бӕгъӕввадӕй атӕры, хъомысджынтӕн сӕ хъомыс фесафы.
Мӕ буар сӕхъис дарӕсӕй ӕрбамбӕрзтон, мӕ кад фӕнычы баныгӕдтон.
Ныр та мыл мӕхицӕй кӕстӕртӕ худынц, мӕ фыййау куыйтӕм дӕр хӕстӕг кӕй нӕ бауагътаин, уыдон:
уымӕн ӕмӕ хъӕздыгдзинад ӕнусон нӕу ӕмӕ паддзахы кады худ дӕр алы хатт иу фӕлтӕрӕй иннӕмӕ не ’рхауы.
Уӕхӕдӕг та суыдзыстут Дунедарӕджы нымад сауджынтӕ, нӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ. Адӕмты хъӕздыгдзинӕдтӕ уыдзысты уӕхи, иууылдӕр уыдзысты сымах.
Нӕ кады худтӕ куы ’рхаудысты нӕ сӕртӕй! О, додойаг куы фестӕм мах нӕ тӕригъӕды аххосӕй!
Ефремӕн йӕ цотамонд атӕхдзӕни маргъау: сылгоймаг нал аргӕ ныккӕндзӕн, нал сывӕрджын бауыдзӕн ӕмӕ йӕм нал гуырдз фӕзындзӕн.