Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 19:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Фӕдисхъӕр бӕргӕ кӕнын, фӕлӕ дзуапп нӕй, бӕргӕ сидын ӕххуысмӕ, фӕлӕ мӕ сӕрыл ничи хӕцы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 19:7
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хорз Дӕм кӕсы Де сконд адӕймаджы ’фхӕрын ӕмӕ йыл Дӕхи тигъ кӕнын, ӕнаккӕгтыл та аудын?


Хуыцауы ӕмӕ адӕймаджы ӕхсӕн тӕрхонгӕнӕг чи ныллӕудзӕн, дыууӕ лӕджы быцӕу куыд аскъуыддзаг кӕнынц, уыйау.


Зонын уын уӕ хъуыдытӕ, мӕ ныхмӕ цы зӕгъинаг стут, уый дӕр.


О Хуыцау, дзыназын Дӕм, фӕлӕ мын дзуапп нӕ дӕттыс, Дӕ разы лӕууын, фӕлӕ мӕм Ды кӕсгӕ дӕр нӕ кӕныс.


Ӕнӕуи дӕр, мӕлӕты къахыл чи лӕууы ӕмӕ фӕдисхъӕр чи кӕны, уымӕ ма йӕ къух чи сисы?


Сӕудары хъеллау кӕнын, адӕммӕ ӕххуысмӕ сидын.


Мӕнӕ Иов загъта, ӕз, дам, раст дӕн, Хуыцау та мын мӕ хъуыддаг не ’взары.


Иууылдӕр иумӕ сӕ дӕлдзӕхы баныгӕн, ныккӕнды дуӕрттӕ сыл сӕхгӕн.


Фыдгӕнджыты къухы ис зӕхх, ӕмӕ тӕрхоны лӕгты цӕстытӕ кӕд Уый нӕ бакуырм кӕны, уӕд чи?


Уый адӕймаг нӕу мӕнау, цӕмӕй Йемӕ быцӕу кӕнон ӕмӕ Йемӕ тӕрхондонмӕ ацӕуон.


Хизы мӕ сойджын сӕрвӕтты, хоны мӕ сабыр цӕугӕдӕттӕм.


Фӕфидар мын кӕны мӕ уд, раст фӕндагыл мӕ аразы Йӕ номы сӕраппонд.


Мӕ алы ныхас — хъӕрахст, ӕрдиаг кӕнын стыгъд ӕмӕ тыхмийыл! Дунедарӕджы ныхас кӕй хъусын кӕнын, уый тыххӕй сӕгад дӕн, алы бон — хынджылӕггаг.


Ӕз хъӕр кӕнын ӕмӕ дзыназын: мӕ куывд Ӕй фехъусын нӕ фӕнды.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ