29 уӕдӕ тӕрсут кардӕй: ӕнӕхъуаджы ӕфхӕрӕгмӕ карды ком кӕсы, цӕмӕй зонат: ис уӕлдӕр Тӕрхон».
Саудалынгӕй фервӕзыны ӕнхъӕл нал у, марӕн цыргъаг ӕм ӕппынӕдзух дардӕуы.
Ӕмӕ йын дзуапп радта Цофар, наамайаг:
Хуыцауы тас дӕ кӕй ис, уый тыххӕй дӕ бафхӕрдзӕн, уый тыххӕй дын тӕрхон кӕндзӕн?
Фыдгӕнӕг не сраст уыдзӕни тӕрхоны, тӕригъӕдджын — рӕстудты ӕхсӕн.
Знӕгтӕ бынысӕфт фесты, ныппырх сын кодтай сӕ сахартӕ, ӕмӕ сӕ кой дӕр нал ис.
Мӕ лӕппу! Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит, де ’рыгон бонты царды цинӕй бафсӕд; дӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, дӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕн, фӕлӕ зон: дӕ хъуыддӕгтӕн дын Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн алы хъуыддагӕн, уыимӕ — сусӕг хъуыддӕгтӕн, хорзӕй, ӕвзӕрӕй.