24 ӕфсӕн цыргъагӕй сӕ здыйыл скъах, дурыл сӕ сныв кӕн ӕнустӕм!
Тӕхуды, мӕ ныхӕстӕ мын чиныджы ныффысс,
Ӕз зонын: цардӕгас у мӕ Ирвӕзынгӕнӕг. Фӕстагмӕ Уый сыджыты сӕрмӕ ’рлӕудзӕн,
Дуртӕ нымадӕй уӕнт дыууадӕс, Израилы фыртты нӕмттимӕ: мыхуырыл фыст куыд скъахынц, афтӕ сыл къахт ӕрцӕуӕнт Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы нӕмттӕ, алы дурыл дӕр — иу ном.
Уыцы къӕйдуртӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг скодта, къӕйдуртыл фыстытӕ дӕр Хуыцау Йӕхӕдӕг скъахта.
Иудейы тӕригъӕд ӕхсон ӕмӕ ӕфсӕн сисӕй ныффыстӕуыд адӕмы дур зӕрдӕтыл ӕмӕ нывондхӕссӕнты сыкъатыл.
Дзӕбӕх куыд зыной ӕмӕ сын ӕнцонӕй равзарӕн куыд уа, афтӕ ныффыссут дуртыл ацы Ӕгъдауы ныхӕстӕ».