Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 19:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Батӕригъӕд мын кӕнут, мӕ хӕлӕрттӕ, — Хуыцауы азар мӕ баййӕфта!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 19:21
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕдӕ ма йын, цы йӕм ис, уымӕ фӕцагай, кӕддӕра Дӕ нӕ ралгъитид!


«Сӕлхӕр усы ныхӕстӕ кӕныс! — дзуапп ын радта Иов. — Ау, Хуыцауӕй хорз райсынмӕ цӕттӕ куы вӕййӕм, уӕд Дзы ӕвзӕр исты цӕуылнӕ хъуамӕ райсӕм?» Ӕмӕ йӕ иу ныхасӕй дӕр тӕригъӕды нӕ бацыди Иов.


Фӕлӕ ма йын уӕдӕ йӕхи стӕг, йӕхи буармӕ февнал, кӕддӕра Дӕ нӕ ралгъитид?»


Дӕхи рад у ныр та, ӕмӕ нӕ быхсыс; фыдбылыз дӕхиуыл ӕрцыд, ӕмӕ катайы бацыдтӕ.


Дӕ тыхст хӕларӕн батӕригъӕд кӕн, Хуыцауы тас ӕм куынӕуал уа, уӕддӕр.


Ӕппӕтхъомысы фӕттӕ мӕ ахызтысты, марг дарынц мӕ удӕн, фыртас мыл бафтыдта Хуыцау.


Ӕз сфӕнд кодтон: мӕ цӕст дардзынӕн мӕ фӕндӕгтӕм, цӕмӕй ме ’взагӕй тӕригъӕд ма ракӕнон; мӕ дзыхыл цъутта сӕвӕрдзынӕн, цалынмӕ ӕнӕхуыцау мӕ разы уа, уӕдмӕ.


Ныр дӕ Бардарӕджы къух ӕрцӕвдзӕн, бакуырм уыдзынӕ ӕмӕ, цалынмӕ афон ралӕууа, уӕдмӕ хуры рухс нӕ фендзынӕ». Елимайыл ӕваст боны рухс ӕрбатар ис, ӕмӕ рафт-бафт кодта, йӕ къухыл ын чи хӕца, ахӕмы агуырдта.


Цин кӕнут, цин чи кӕны, уыдонимӕ ӕмӕ кӕут, чи кӕуы, уыдонимӕ.


Уымӕ гӕсгӕ буары иу уӕнг куы фӕриссы, уӕд иннӕтӕ дӕр фӕриссынц йемӕ. Иу уӕнг куы скадджын уа, уӕд иннӕ уӕнгтӕ дӕр цин кӕнынц йемӕ.


Ма рох кӕнут ахӕстыты, цыма уӕхӕдӕг дӕр семӕ ахӕстоны стут, уыйау. Уӕ зӕрдыл дарут, тухӕнтӕ чи ӕвзары, уыдоны — гӕнӕн ис, ӕмӕ уӕхи дӕр бахъӕуа тухӕнтӕ ӕвзарын.


уӕд дӕр уыдоны ралӕгмӕ хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсиккат? Кӕдмӕ бадат, куыннӕ хъуамӕ смой кӕнат? Нӕ, мӕ къонатӕ, мӕ зӕрдӕ уыл тынг риссы, уымӕн ӕмӕ мӕ Дунедарӕг бафхӕрдта».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ