2 «Кӕдмӕ мӕ удхарӕй мардзыстут, уӕ ныхӕстӕй мын мӕ зӕрдӕ кӕдмӕ къахдзыстут?
«Цы пайда ис дзӕгъӕл ныхӕстӕй? Ахъуыды уал кӕнут, ӕмӕ стӕй дзурдзыстӕм.
Ӕмӕ дзуапп радта Иов:
Ныридӕгӕн мӕ иу-дӕс хатты уӕ уайдзӕфты бын фӕкодтат ӕмӕ уӕм худинаг дӕр нӕ кӕсы.
Уӕхӕдӕг дӕр ӕй куы уынут, уӕд ма дзӕгъӕл ныхас кӕм хъӕуы?
«Цардӕгас у Хуыцау, раст тӕрхоны аккаг мӕ Чи не скодта, Цардӕгас у Ӕппӕтхъомыс, хъизӕмӕртты хай мӕ Чи фӕкодта!
«Ахӕм ныхӕстӕ кӕдмӕ кӕндзынӕ? Дӕ дзыхы дзырд — уаддымгӕйау.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Ӕнӕзонд йӕ мидзӕрдӕйы загъта: «Хуыцау нӕй!» Фехӕлдысты адӕм, ӕлгъаг митӕ кӕнынц, хорз хъуыддаг аразӕг нал ис.
цӕмӕй Дӕ уарзон адӕм фервӕзой. Дӕ рахиз къухӕй нӕ фервӕзын кӕн, нӕ куывд нын фехъус.
Ды адӕймагӕн хъусыс йӕ куывд, Дӕу агуры алчи.
Дзӕгъӕлдзыхы ныхас — карды цӕф, куырыхоны ныхас — ӕвдадзы хос.
Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды, йе ’взагӕй цы спайда кӕна, уымӕй бафсӕддзӕн.
Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Уаз ӕмӕ Ӕцӕг Дунедарӕг, кӕдмӕ у Дӕ каст, зӕххон цӕрджытӕн тӕрхон цӕуылнӕ рахӕссыс ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?»
Далилӕ Самсонӕн алы бон дӕр ахӕм ныхӕстӕ кодта ӕмӕ йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, удхарӕй йӕ мардта.