19 Ме ’рдхӕрдтӕ мыл ӕнӕввӕрсон систы, кӕй уарзтон, уыдон рацыдысты мӕ ныхмӕ.
Мӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг чи уыди, уыдон мӕ ныууагътой, чи мӕ зыдта, уыдонӕй ферох дӕн.
Суанг ма мыл чысыл сабитӕ дӕр былысчъилтӕ кӕнынц, куыддӕр мӕ ауынынц, афтӕ мӕ мӕстӕй марын райдайынц.
Сымах дӕр уыдоны хуызӕн — мӕ дудгӕбон мын федтат ӕмӕ фӕтарстыстут.
Дӕ азарӕй мӕ бахиз, Дӕ къухы цӕфтӕй сӕфын ӕз.
Ӕз зӕгъдзынӕн Хуыцауӕн, мӕ Къӕдзӕхӕн: «Цӕмӕн мӕ ферох кодтай? Цӕмӕн мӕ уадзыс ме знагӕн ӕфхӕрын, кӕугӕйӕ цӕмӕн ӕрвитын мӕ бонтӕ?»
Дунедарӕг мын боныгон равдисы Йӕ хорзӕх, ӕмӕ ме ’хсӕвы зарӕг вӕййы Ууыл — мӕ царддӕттӕг Хуыцауыл.
Тасӕфтауӕг у Хуыцау Йӕ сыгъдӕджыты астӕу, Йӕ алыварс чи ис, ӕппӕт уыдонӕй тӕссагдӕр.
Йесо йын загъта: «Иудӕ, Адӕймаджы Фыртыл байӕ цӕуыс гадзрахатӕй?»