17 Мӕ комытӕфӕй мӕ бинойнаджы зӕрдӕ схӕццӕ вӕййы, ме ’фсымӕртӕ дӕр мыл ӕлгъ кӕнынц.
Мӕ уд хъизӕмар кӕны, мӕ царды бонтӕ фӕфӕуынц, ингӕн мӕ цӕстытыл уайы.
Ме ’ххуырстмӕ дзурын, фӕлӕ мын дзуапп нӕ дӕтты, цалынмӕ йын балӕгъстӕ кӕнын, уӕдмӕ.
Суанг ма мыл чысыл сабитӕ дӕр былысчъилтӕ кӕнынц, куыддӕр мӕ ауынынц, афтӕ мӕ мӕстӕй марын райдайынц.