16 Ме ’ххуырстмӕ дзурын, фӕлӕ мын дзуапп нӕ дӕтты, цалынмӕ йын балӕгъстӕ кӕнын, уӕдмӕ.
Ӕвиппайды ӕдзӕрӕг быдырӕй тыхдымгӕ ӕрбацыди, хӕдзары цыппар фисынмӕ фӕлӕбурдта. Хӕдзар ныккалдис ӕмӕ дзы чидӕриддӕр уыди, уыдон фӕмард сты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».
Мӕ хӕдзары ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ унӕутӕй чи ис, уыдонӕн ӕцӕгӕлон сдӕн.
Мӕ комытӕфӕй мӕ бинойнаджы зӕрдӕ схӕццӕ вӕййы, ме ’фсымӕртӕ дӕр мыл ӕлгъ кӕнынц.