13 Фӕхицӕн мӕ кодта ме ’фсымӕртӕй, мӕ зонгӕтӕ мӕ сӕхи хизынц.
Мӕ хӕлӕрттӕ мыл худынц, фӕлӕ мӕ цӕссыг Хуыцауы раз калын.
Мӕ тых мын басаста бынтондӕр, мӕ бинонты мын бабын кодта.
Ӕрбацыдысты йӕм йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотӕ, йӕ раздӕры хорз зонгӕтӕ. Йемӕ фынгыл бадтысты йӕ хӕдзары ӕмӕ йын зӕрдӕтӕ ӕвӕрдтой, Дунедарӕг ын бӕллӕхтӕ кӕй бавзарын кодта, уый тыххӕй, алчидӕр ын балӕвар кодта сӕдӕ ӕвзист ӕхцайы ӕмӕ фӕйнӕ сыгъзӕрин къухдарӕны.
Фӕлӕ мӕныл ме ’фсымӕртӕ тагъд донау сӕ зӕрдӕ сивтой, уалдзыгон донвӕдау раив-баив кӕнынц.
сӕ зӕрдӕдарӕн мӕнг разындзӕн, фыдӕнхъӕл фӕуыдзысты, хуыскъ ададжы цурмӕ куы бахӕццӕ уой, уӕд.
Дунедарӕджы цинӕй райут ӕмӕ цин кӕнут, рӕстудтӕ! Фыр цинӕй райут, сыгъдӕгзӕрдӕтӕ!
Дӕ азарӕй мӕ бахиз, Дӕ къухы цӕфтӕй сӕфын ӕз.
Йӕ азымы тыххӕй Ды адӕймаджы бафхӕрыс, зынаргъ ын цы у, уый рӕмпӕг фестын кӕныс. Адӕймаг фӕздӕгӕй уӕлдай нӕу.
Дунедарӕг мын боныгон равдисы Йӕ хорзӕх, ӕмӕ ме ’хсӕвы зарӕг вӕййы Ууыл — мӕ царддӕттӕг Хуыцауыл.
Сӕ тых ӕмӕ сӕ кад Ды дӕ, Дӕ хорзӕхы фӕрцы уӕлахиз кӕнӕм.
Тасӕфтауӕг у Хуыцау Йӕ сыгъдӕджыты астӕу, Йӕ алыварс чи ис, ӕппӕт уыдонӕй тӕссагдӕр.
Хӕзгултӕм сидтӕн — сивтой мыл сӕ зӕрдӕтӕ! Уӕ, сӕфынц сахары Мӕ сауджынтӕ, мӕ хистӕртӕ! Къӕбӕргур зилынц — фервӕзой мӕлӕтӕй!
Ӕхсӕвы тары сау цӕссыг куы згъалы, йӕ рагуарзӕттӕй иу куы нӕй йӕ цуры! Гадзрахатӕй йыл рацыдысты ’рдхӕрдтӕ, уӕ, систы йе знӕгтӕ!
Фӕлӕ ӕппӕт адӕттӕ уымӕн цӕуынц, цӕмӕй сӕххӕст уа, пехуымпартӕ цы ныффыстой, уый». Уӕд Ӕй ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ фӕлыгъдысты.
Фыццаг хатт мӕхи сраст кӕныны тыххӕй куы раныхас кодтон тӕрхоны раз, уӕд мӕ цуры ничи уыди, уымӕн ӕмӕ мӕ иууылдӕр ныууагътой. Хуыцау сын ӕй ныббарӕд!