12 Йе ’фсӕдтӕ ӕмвӕтӕнӕгӕй сӕ ных сарӕзтой мӕнӕрдӕм, мӕ хӕдзарыл мын ӕрхъула кодтой.
Зындзинӕдтӕ ӕмӕ йӕ бӕллӕхтӕ тасы ӕфтауынц, сӕ быны йӕ скодтой тыхагур паддзахау,
Ӕнӕхуыцӕутты амӕттаг мӕ бакодта Хуыцау, ӕнаккӕгты къухтӕм мӕ радта.
Ихуарӕгау мыл Йӕ фӕттӕ ныккалдта, уыргӕфтыд ӕмӕ тугомынты мӕ фӕкодта.
Рахизӕрдыгӕй мыл сӕхи ныццӕвынц, ӕмӕ куы ахауын, уӕд сӕхи марынмӕ ӕрцӕттӕ кӕнынц.
Ӕппӕтхъомысы фӕттӕ мӕ ахызтысты, марг дарынц мӕ удӕн, фыртас мыл бафтыдта Хуыцау.
Ратдзынӕн ӕй уе ’фхӕрджыты къухмӕ, афтӕ уын чи дзырдта, ныддӕлгом ут зӕххыл ӕмӕ уыл къахӕй балӕгӕрдӕм. О, сымах-иу ныддӕлгом стут сӕ разы, ӕмӕ-иу уыдон, надвӕдыл цӕуӕгау, алӕгӕрстой уӕ чъылдымтыл».