9 Къӕппӕг ӕй ӕрцахсдзӕни йӕ къахӕй, цъысымы бахаудзӕн.
афтӕ ӕваст савайӕгтӕ ӕрбалӕбурдтой ӕмӕ сӕ атардтой. Дӕ кусджытӕ иууылдӕр карды комыл ӕфтыд фесты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».
Уый дзырд нӕма фӕци, афтӕ та ӕндӕр хабархӕссӕг ӕрбалӕууыди: «Ӕртӕ къордӕй ӕрбалӕбурдтой халдейӕгтӕ ӕмӕ теуаты атардтой. Кусджытӕ карды комыл ӕфтыд фесты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».
Разӕй йӕм фыдбылыз ӕнхъӕлмӕ кӕсы, йӕ фӕндагыл къӕппӕг цӕттӕйӕ лӕууы.
Йӕхи къахӕй къӕппӕгмӕ бацӕудзӕн ӕмӕ ахст ӕрцӕудзӕн.
Ӕххормаг лӕг ын бахӕрдзӕн йӕ тыллӕг — какон сындз дӕр ӕй нӕ бауромдзӕн, цыбӕлгӕнӕг ын бацахсдзӕн йӕ исбон.
Уадз ӕмӕ мӕ бафхӕра рӕстгӕнӕг — уымӕй мын хорзы бацӕудзӕн ӕрмӕст, раст мын цыма мӕ сӕр хӕрздӕфгӕнӕн сойӕ байсӕрста, уыйау. Ӕз та кувдзынӕн фыдгӕнджыты тыххӕй, цӕмӕй фыдмитӕ мауал кӕной.
Адӕмтӕ, сӕхӕдӕг кӕй скъахтой, уыцы дзыхъхъы аирвӕзтысты, сусӕг ран цы ахсӕн хыз сӕвӕрдтой, уый сӕхи къӕхтыл стыхсти.
Ӕнӕхуыцауӕн йӕ тӕригъӕд — йӕ къӕппӕг, рӕстуд та цин кӕны ӕмӕ райы.