6 Йӕ хӕдзарӕй рухсы цъыртт нал кӕлдзӕн, йӕ цырагъ бамынӕг уыдзӕн.
ӕмӕ расыг лӕгтау, уырзӕй сгаргӕ, сӕудары, ӕнӕ рухсӕй фӕхилынц.
Цард ыл не ’рхӕцдзӕн, бын не скӕндзӕн, зӕххыл не ’рбынӕттон уыдзӕн.
Йӕ хӕдзарӕй йӕ раласдзысты, Фыд азары паддзахы размӕ йӕ акӕндзысты.
Ӕнаккӕгты зынг арӕх ахуыссы, бӕллӕхы арӕх бахауынц? Хуыцауы фыдӕх сӕ арӕх баййафы?
Ӕнӕрвӕссон бакаст ӕмӕ сӕрыстыр зӕрдӕ ӕнӕхуыцауӕн цырагъы хуызӕн сты, фӕлӕ уый тӕригъӕд у.
ӕнӕхуыцӕутты фӕндаг — саудалынджы ’нгӕс, цӕуыл фӕкӕлдзысты, уый нӕ зонынц.
Куы бабын уай, уӕд Ӕз сӕхгӕндзынӕн арв, стъалытӕ бамынӕг кӕндзынӕн, хур мигъы аууон бакӕндзынӕн, ӕмӕ мӕй дӕр нал ратдзӕн йӕ рухс.
нал дын ссудздзысты дӕ рухсгӕнӕнтӕ, нал дӕ хъуысдзӕн усгур лӕппу ӕмӕ чындздзон чызджы хъӕлӕс. Дӕ сӕудӕджертӕ дунейы гуыппырсартӕ уыдысты, дӕ кӕлӕнтӕй ӕппӕт адӕмты асайдтай.