3 Фос куы не стӕм, мыййаг, къуымыхы цӕстӕй нӕм цӕмӕ хъуамӕ кӕсай?
Сымах та ма иу хатт бафӕлварут, рацӕут ардӕм ӕмӕ мӕ ныхмӕ сдзурут — ӕз уе ’хсӕн иу куырыхоны дӕр не ссардзынӕн.
Ды сын нытталынг кодтай сӕ зонд ӕмӕ сӕ бӕрзонд бынаты нӕ сӕвӕрдзынӕ.
«Цы пайда ис дзӕгъӕл ныхӕстӕй? Ахъуыды уал кӕнут, ӕмӕ стӕй дзурдзыстӕм.
Ныр ды фыр мӕстӕй дӕхи хӕрыс, ӕмӕ дӕу тыххӕй зӕхх хъуамӕ сафтид уа, айнӕг йӕ бынатӕй феггуырса?
Сыст, Хуыцау, раст тӕрхон рахӕсс! Ӕркӕс-ма: ӕдылытӕ Дын ӕрвылбон Дӕ ном фауынц.
Ноджы ма загътон: «Хуыцау адӕмы фӕлваргӕ кӕны: хъуамӕ бамбарой, ӕнӕ Хуыцауӕй фосӕй уӕлдай кӕй не сты».
Ӕфсымӕртау кӕрӕдзийы зӕрдӕбынӕй уарзут; иу иннӕйы нымайӕд йӕхицӕй уӕлдӕрыл.
Дыууиссӕдз цӕфы фаг у. Уымӕй фылдӕр нӕ, науӕд де ’фсымӕр фӕхудинаг уыдзӕн дӕ цӕстыты раз.