2 «Цы пайда ис дзӕгъӕл ныхӕстӕй? Ахъуыды уал кӕнут, ӕмӕ стӕй дзурдзыстӕм.
«Дӕргъвӕтин ныхасӕн дзуапп нӕй, ӕнхъӕлыс? Бирӕ чи дзуры, дӕумӕ гӕсгӕ, раст уый вӕййы?
Дзуапп ын радта Билдад, шуахаг:
Фос куы не стӕм, мыййаг, къуымыхы цӕстӕй нӕм цӕмӕ хъуамӕ кӕсай?
«Уӕдӕ мын мӕ ныхасмӕ ӕрбайхъусут лӕмбынӕг, мӕ зӕрдӕ мын уымӕй уӕддӕр фӕфидар кӕнут.
Уым ӕнаккӕгтӕ дӕр ӕрсабыр вӕййынц, уым цардӕфхӕрдтӕ дӕр сулӕфынц,
Хъус, уӕдӕ, Иов, мӕ ныхӕстӕм, иунӕг дӕр дзы ма ауадз!
«Ахӕм ныхӕстӕ кӕдмӕ кӕндзынӕ? Дӕ дзыхы дзырд — уаддымгӕйау.
Ӕрхауыны размӕ фӕзыны ӕнӕввӕрсондзинад, кадӕн йӕ разӕй — сӕрныллӕгдзинад.
Уӕ зӕрдыл бадарут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ: алчидӕр рӕвдз уӕд байхъусынмӕ, рагацау хъуыды кӕнӕд йӕ ныхасыл, мӕстыгӕр ма уӕд.