14 Йӕ хӕдзарӕй йӕ раласдзысты, Фыд азары паддзахы размӕ йӕ акӕндзысты.
Ӕнаккӕгтӕн та сӕ цӕстыты рухс ахуысдзӕн, сӕ сӕр кӕм бафснайой, уый сын нӕ уыдзӕн, сӕ зӕрдӕдарӕн фесӕфдзӕн».
Удаист хъӕр йӕ хъусты зӕлы, ӕнӕнхъӕлӕджы йӕм ӕрбалӕууы йӕ сафӕг.
Йӕ хӕдзарӕй рухсы цъыртт нал кӕлдзӕн, йӕ цырагъ бамынӕг уыдзӕн.
Йӕ буары ахиздзӕн, йӕ маст ын ныппырх кӕндзӕн, мӕрдудхӕрттӕ йыл бафтаудзӕн.
Уымӕн ӕмӕ уыдонӕн боны рухс саудалынгӕй уӕлдай нӕу, тары сау ӕндӕргтыл та ахуыр сты.
Хӕлуарӕгау аразы йӕ тӕссонд хӕдзар, хъарагъулау ӕвӕры мусонг.
Йӕ ныфс гӕбазгай ныввӕййы: йӕ зӕрдӕ цӕуыл дары, уый тӕссонд у, хӕлуарӕджы тынӕй уӕлдай нӕу.
Де знӕгтӕ худинаджы бын фӕуыдзысты, ӕнаккӕгтӕ хӕдзархӕлдӕй баззайдзысты».
Тасы куы бацӕуын, уӕд мӕ зӕрдӕ Дӕуыл фӕдарын.
Рӕстудӕн йӕ зӕрдӕдарӕн цин хӕссы, ӕнӕхуыцауӕн йӕ бӕллицтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты.
Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафынц, рӕстудӕн та йӕ мӕлӕты дӕр ис зӕрдӕдарӕн.
ӕмӕ ссӕрибар кӕна, мӕлӕты тасӕй цӕргӕбонты цагъар чи уыди, уыдоны.