13 Йӕ буар уӕлхъӕдӕй ӕмбийы, мӕлӕты минӕвар ӕй бахордта.
Ӕцӕгӕлӕттыл нӕ куы нымайы! Ауӕй нӕ кодта ӕмӕ нын нӕ аргъ йӕхӕдӕг бахордта.
Рувим, ды мӕ хистӕр зӕнӕг, мӕ тых дӕ, мӕ нӕлгоймаджы хъаруйы фыццаг ӕнтыст ды дӕ, дӕ кад, дӕ хъомысӕн ӕмбал нӕй.
Мемӕ мӕрдтыбӕстӕм ныххиздзӕни уый, сыджыты ’рхуысдзӕни мемӕ».
Уӕд Мӕ адӕмы мӕгуырдӕртӕ хӕринагӕй бафсӕддзысты, гӕвзыччытӕ ӕдас ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй цӕрдзысты. Сымах та Хуыцау сыдӕй амардзӕн, чи ма уӕ баззайа, уыдоны та ныццӕгъддзӕн.
Дӕттӕ ӕртыхстысты мӕ удыл, сӕрсӕфӕны февзӕрдтӕн, денджызы зайӕгойтӕ баныхӕстысты мӕ сӕрыл.
Йерусалимы ныхмӕ чи хӕцыди, уыцы адӕмты Дунедарӕг бафхӕрдзӕн: сӕ къӕхтыл ма лӕудзысты, афтӕмӕй сӕ буӕрттӕ ӕмбидзысты, сӕ цӕстытӕ бахаудзысты, се ’взӕгтӕ сӕ комы бахус уыдзысты.
Ӕз федтон фӕлурс бӕх; йӕ барӕджы ном — мӕлӕт. Мӕрдтыбӕстӕ цыдис йӕ фӕдыл, ӕмӕ сын лӕвӕрд уыди зӕххы цыппӕрӕм хайыл карды ӕмӕ стонджы, рыны ӕмӕ зӕххон сырдты фӕрцы марыны бар.