6 Хуыцау мӕ адӕмы дзыхы бафтыдта, ӕмӕ мын мӕ цӕсгомыл тутӕ кӕнынц.
Сусӕгӕй цӕмӕн алыгътӕ, куыд мӕ афӕлывтай? Куыд ницы мын загътай? Ӕз дӕ афӕндараст кодтаин хъӕлдзӕг зарджытимӕ, далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъдимӕ.
уӕд Израилы адӕмы рамӕрздзынӕн, цы зӕхх сын радтон, уымӕй, Мӕхи атигъ кӕндзынӕн, Мӕ номы сӕраппонд цы Кувӕндон срухс кодтон, ууыл дӕр, ӕмӕ Израилы адӕмыл худдзысты ӕмӕ сын фидис кӕндзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.
Мӕ хӕлӕрттӕ мыл сӕхи худӕгӕй хӕссынц, Хуыцау, дам ын мӕнӕ цы дзуапп радта — ӕнӕкъӕм рӕстуд сын хъазӕнхъул сси!
Мӕ сӕр адӕмӕн хъазинаг фӕци, хынджылӕгӕн та зын у фӕразын.
Былысчъилӕй мӕ сӕхи иуварс ласынц, ӕнӕфсӕрмӕй мыл ту кӕнынц.
Ӕмӕ ма суанг уыдонӕн дӕр ӕз фӕндырты цӕгъдинаг фӕдӕн.
Паддзахы чызгӕн йӕ намыс — йӕ уды фидауц, йӕ дарӕс — сыгъзӕринӕй нывӕфтыд.
Паддзахмӕ йӕ фӕкӕнынц нывӕфтыд дарӕсы, йӕ фӕдыл фӕцӕуынц йӕ чызгӕмбӕлттӕ.
Сӕ бӕрӕгбӕтты — хъисфӕндыртӕ, дыууадӕстӕнонтӕ, далатӕ, уадындзтӕ ӕмӕ сӕн, Дунедарӕг цы аразы, уымӕ та нӕ кӕсынц, Йӕ хъуыддӕгтыл Ын нӕ хъуыды кӕнынц.
Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Йӕ фыд ын йӕ цӕсгомыл куы бату кӕнид, уӕд авд боны дӕргъы фыр ӕфсӕрмӕй йӕхи не ’мбӕхсид? Авд боны дӕргъы рӕсӕнуаты ӕдде фӕуӕд ӕмӕ-иу уый фӕстӕ ӕрбацӕуӕд».