14 Марды чырын хонын мӕ фыд, уаллоны — мӕ мад, мӕ хо.
Ӕмӕ бартхутӕг дӕн бутъройау, рӕмпӕгдзӕф дарӕсау мӕхимидӕг згъӕлын.
ӕмӕ, мӕ буар куы азгъӕла, уӕд дӕр ӕз фендзынӕн Хуыцауы.
Дыууӕйӕ дӕр сыджытмӕ цӕуынц, сӕ дыууӕ дӕр ӕмхуызон скӕлм уыдзысты.
Цы хуылфӕй рацыд, уымӕй — рох, уаллӕттӕн хӕрзад хойраг суыдзӕн; хъуыды дӕр ӕй ничиуал ӕркӕндзӕн, бӕласау калд ӕрцӕудзӕни фыддзинад.
Уӕлдайдӕр та адӕймаг — зулкъ йеддӕмӕ ницы у, адӕмы цот рӕмпӕгӕй уӕлдай не сты».
Мӕ царм ныссау ис, алӕбырди мӕ уӕлӕ, ме стджытӕ мӕ буары тӕвдӕй судзынц.
Мӕ буар скӕлм ис, хӕлмӕгтӕй нал зыны, аскъуыдтӕ ис, ӕмӕ йӕ цъӕй мизы.
Уыдон фыр нӕрдӕй фӕйнӕрдӕм тонынц, схъӕл ныхас кӕнынц.
Нӕ бакомдзынӕн нӕдӕр род дӕ хӕдзарӕй, нӕдӕр сӕгътӕ дӕ фосдарӕнтӕй —
Мӕрдтыбӕстӕм ӕппӕрст ӕрцыди де схъӕлдзинад дыууадӕстӕнонты цагъдимӕ. Уаллӕттӕй дын — гобан, уаллӕттӕ — дӕ хъӕццул дӕр.
Афтӕ уыдзӕн, мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд дӕр: байтыдӕуы ӕмбигӕйӕ, райгас вӕййы ӕнӕмӕлгӕйӕ;